Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 6:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй, цагъайрӕгтӕ цы зӕххыл уыдыстут, уым уын бафыстон уӕ ахӕстаргъ, уӕ разӕй уын арвыстон Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 6:4
29 Iomraidhean Croise  

Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай.


О, уый айнӕг ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон фемӕхсти, ракалдысты суадӕттӕ. Уӕд Йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын дзул ратта, Йӕ адӕмы фыдызгъӕлӕй бафсада?»


Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилӕгты ӕфсад ракодта Мысыры зӕххӕй.


«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.


Цӕугӕ уӕдӕ — Ӕз дӕ ӕрвитын фараонмӕ: Мӕ адӕмы Мын, израилӕгты, Мысырӕй ракӕн».


Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «О Бардарӕг! Ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Амӕй размӕ дӕр нӕ уыдтӕн ӕмӕ ныр дӕр, Ды мемӕ, Дӕ цагъаримӕ, куы ныхас кӕныс, уӕд дӕр. Къӕзӕнӕг дӕн, ме ’взаг мӕ дзыхы дзӕбӕх нӕ тасы».


Дӕ бӕсты Аарон дзурдзӕн адӕмимӕ ӕмӕ сӕм хӕццӕ кӕндзӕн дӕ ныхӕстӕ, ды та йын Хуыцауы хуызӕн уыдзынӕ.


Аарон ӕмӕ Моисей дзырдтой фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, израилӕгты Мысырӕй ракӕныны тыххӕй.


Израилы, Дӕ адӕмы, Мысыры зӕххӕй ракодтай ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтимӕ — Дӕ хъомысы, Дӕ къухы фӕрцы, ӕвирхъау тас сыл бахӕцын кодтай, афтӕмӕй.


Сымах та Мысыры зӕххӕй рахуыдтон ӕмӕ уӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, цӕмӕй уын сӕ зӕхх исбонӕн радтон, уый тыххӕй.


Моисейӕн йӕ ус уыди эфиопаг, ӕмӕ йын Мариам ӕмӕ Аарон уый йӕ цӕстмӕ дардтой.


Мӕнӕ Моисей ӕмӕ Аароны разамындӕй Мысырӕй чи рацыд, уыцы израилӕгты балцвӕндӕгтӕ сӕ хӕстон къордтӕм гӕсгӕ.


Уыцы Моисей адӕмы ракодта Мысырӕй; Мысыры, Сырх денджызы ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.


Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын.


Ды дӕр цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, уый дӕ рох ма уӕд. Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕу ссӕрибар кодта. Уымӕн дын фӕдзӕхсын ӕз уыдӕттӕ.


Сымах та Дунедарӕг уыцы ӕфсӕн тохынайӕ, Мысырӕй, уымӕн ракодта, цӕмӕй, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ суыдаиккат Йӕ адӕм.


Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.


„Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уыцы Мысырӕй уӕ чи ракодта, Уый.


Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй.


Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодтон ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг Хуыцау, ма бабын кӕн Дӕ адӕмы — Дӕ исбон! Ды сӕ фервӕзын кодтай, барджын кӕй дӕ, уый фӕрцы, Дӕ хъомысджын къухӕй сӕ ракодтай Мысырӕй.


Уӕд сын Самуел загъта: «Моисей ӕмӕ Аароны Чи равзӕрста ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг — ӕвдисӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan