11 Сайаг тӕрӕзтӕ ӕмӕ фӕливӕг уӕзбарӕнтӕ Ӕз куыд хъуамӕ банымайон растыл?
Дунедарӕгӕн сайаг барӕнтӕ ӕлгъаг сты, раст уӕзбарӕнтӕ — ӕхцон.
Дунедарӕг раст уӕзбарӕнтӕ домы, хызыны цы уӕзбарӕнтӕ ис, уыдон Уый сфӕлдыста.
Сайаг барӕнтӕ, сайаг уӕзбарӕнтӕ — сӕ иу дӕр ӕмӕ сӕ иннӕ дӕр ӕлгъаг у Дунедарӕджы раз.
Раст барӕнт уӕ тӕраз, уӕ барӕн ефӕ ӕмӕ уӕ барӕн бат.
Хананейаг йӕ сайаг тӕрӕзтимӕ уарзы ӕфхӕрын,
Уӕ тӕраз, уӕ барӕн дуртӕ, уӕ барӕн ефӕ ӕмӕ уӕ барӕн гин раст барӕнт. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый.
Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.
Зӕд мын загъта: «Уыцы сылгоймаг у ӕнӕрастдзинад». Мигӕнӕны арфмӕ йӕ фехста ӕмӕ та мигӕнӕн йе ’рхуы сӕрӕй сӕхгӕдта.
Дӕ хызыны дыууӕ алыхуызон уӕзбарӕны ма уӕд, сӕ иу — стырдӕр, иннӕ — къаддӕр.