Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 5:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уый ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад. Кӕд ассириӕгтӕ нӕ зӕхмӕ ’рбабырсой ӕмӕ нын нӕ сахартӕ ссӕндой, уӕд сын сӕ ныхмӕ авд фыййауы ӕмӕ аст ӕлдары ӕрлӕууын кӕндзыстӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 5:5
31 Iomraidhean Croise  

Ӕхсӕз бӕллӕхӕй дӕ бахиздзӕн, ӕвдӕм дӕм хӕстӕг не ’рбацӕудзӕн.


Фырнӕрдӕй сӕ цӕстытӕ аныгъуылдысты фиуы, сӕ зӕрдӕтӕ — чъизи монцтӕй йедзаг.


Ӕртӕ хъуыддаджы мӕ дисы ӕфтауынц, цыппӕрӕм та не ’мбарын:


Ис ӕртӕ, сӕ уӕнгты ахаст хӕрзконд кӕмӕн у, ахӕмтӕ, цыппӕрӕмӕн та — фидар къахӕвӕрд:


Дунедарӕгӕн ӕхсӕз хъуыддаджы сты ӕнӕуынон, ӕвдӕммӕ та ӕлгъаджы цӕстӕй кӕсы:


Цы дӕм ис, уый авд дихы акӕн ӕмӕ дӕ исбон алыхуызон авд хъуыддаджы бавӕр — зӕххыл ӕвзӕрӕй кӕд цы ӕрцӕудзӕн, уый ничи зоны.


Ассириӕгты ныддӕрӕн кӕндзынӕн Мӕ зӕххыл, бассӕнддзынӕн сӕ Мӕ хӕхтыл, ӕмӕ уӕд Мӕ адӕм сӕ бӕрзӕйӕ раппардзысты се ’фсондз, се уӕхсчытӕ фервӕздзысты сӕ уаргъӕй».


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Уӕд ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕны адӕмтыл тас бафтаудзысты Дунедарӕджы ном, Йӕ кады хабӕрттӕ. Тыхгӕнджытӕ цӕугӕдонау куы ’рбагуылф кӕной, уӕд сӕ Дунедарӕг ныффалгӕрон кӕндзӕн уадау.


Ноджы ма Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕфхӕрд сӕнӕфсиры зӕнгыл дӕр рӕгъӕд цупал куы разыны, донджын цупал, уӕд ын йӕ тонӕгӕн фӕзӕгъынц: „Ма йӕ ацъӕл кӕн, уымӕн ӕмӕ уый арфӕгонд у“. Афтӕ бакӕндзынӕн Ӕз дӕр Мӕ цагъарты сӕраппонд, се ’ппӕты нӕ фесафдзынӕн.


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Уыцы заман Мӕ фӕндонӕй сырӕздзӕни рӕстаг Ӕвзар, Давиды байзӕддаг, ӕмӕ зӕххыл раст тӕрхон кӕндзӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дамаскы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, Галаады хох ӕфсӕн найгӕнӕнтӕй кӕй ныссӕста, уый тыххӕй.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Газӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, уацары кӕй райстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой.


Абухгӕ денджызы сӕрты ацӕудзысты, йӕ уылӕнтыл ын фӕуӕлахиз уыдзысты, Нилы цӕугӕдон байсысдзӕни сӕ быны. Ассирийы сӕрыстырдзинад саст ӕрцӕудзӕни, Мысыр йӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕнис.


Фыййӕуттӕм Мӕ маст ссыгъди, бафхӕрдзынӕн бодзты. Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕрымысдзӕн Йӕ дзуджы — Иудӕйы байзӕддӕгты. Йӕ хӕстон бӕхтау сӕ тохмӕ ӕрцӕттӕ кӕндзӕн.


Уыцы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы фӕтӕгтӕ, сугты ’хсӕн ӕфсӕн пец, куыристы ’хсӕн цырагъ куыд у, афтӕ суыдзысты ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты, сӕ галиу ӕмӕ сӕ рахизфарс чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзысты, Йерусалим та, цы ран ис, уым фӕстӕмӕ адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.


Уыцы заман Ефремы уӕрдӕттӕ ӕмӕ Йерусалимы бӕхты фесафдзынӕн, хӕстон ӕрдынтӕ саст ӕрцӕудзысты. Уый адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн сабырдзинад ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм.


Иудӕ фестдзӕнис Ме ’рдын, Ефрем — Мӕ фат. Сион, дӕ фыртты дын грекъӕгты ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн, хӕстон хъама Мын фестдзынӕ.


«Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!»


Фарн уын уадзын Мӕ фӕстӕ, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Мацӕуыл тыхсут ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсут.


Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».


Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ уыдзысты Йемӕ».


Уӕларвон ӕфсад урс бӕхтыл цыдысты Йӕ фӕдыл, гӕн хъуымацӕй дарӕсы — урс-урсид ӕмӕ сыгъдӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan