6 Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн къуылыхты, алырдӕм кӕй фӕсырдӕуыд ӕмӕ фыдбылызтӕ кӕуыл ӕруагътон, уыцы адӕмы баиу кӕндзынӕн.
Уымӕн ӕмӕ дын Уый дӕ кулдуары ӕвдузӕнтӕ фидар кӕны, дӕ фырттӕн дын арфӕ кӕны!
Алы бӕстӕтыл чи ныххӕлиу ис, уыцы израилӕгты фӕстӕмӕ сӕхи зӕхмӕ Чи ӕрбакодта, Уый, Дунедарӕг Хуыцау, зӕгъы: «Ӕцӕгӕлӕттӕй уемӕ чи баиу, уыдоныл ма Ӕз ноджыдӕр бафтаудзынӕн».
Уыцы заман Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Израилы фӕстагӕттӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ цӕгаты зӕххӕй, Ӕз уӕ фыдӕлтӕн исбонӕн кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ ацӕудзысты».
Ӕз Мӕ адӕмы цӕгатаг бӕстӕй ӕрбакӕндзынӕн, зӕххы кӕрӕттӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Се ’хсӕн ис куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ, ӕнхъӕлцау сылгоймӕгтӕ, ӕвгъӕды бадджытӕ, — уыдон ардӕм ӕнӕнымӕцӕй раздӕхдзысты.
Райсдзынӕн уӕ, цы адӕмтӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй ӕмӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн уӕ бӕстӕмӕ.
Йаков! Дӕ байзӕддӕгтӕм дын ӕнӕмӕнг фӕсиддзынӕн, Израилӕй ма чи фервӕза, уыдоны, фысты сӕ бынаты, фысвосы рӕгъау сӕ хизӕнуаты куыд сӕмбырд кӕнынц, афтӕ ӕнӕмӕнг ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ уыцы бынат байдзаг уыдзӕнис адӕмӕй.
Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.
Адӕймаджы Фырт ӕрцыд сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ».
Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни.