Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 4:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Алчи ӕнӕмӕтӕй улӕфдзӕни йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын, ничиуал никӕй ӕфтаудзӕни тасы, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 4:4
25 Iomraidhean Croise  

Соломоны заман Иудей ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр, Данӕй Беер-Шевӕйы онг, цардысты ӕдасӕй. Алчидӕр-иу сӕ йӕхи йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ирхӕфста йӕ сӕнӕфсир, йӕ легъуийы бын.


Гъемӕ, зӕгъын, Кувӕндон саразон Дунедарӕгӕн, Мӕ Хуыцауӕн. Кӕддӕр Дунедарӕг уый кой ракодта мӕ фыд Давидӕн дӕр, зӕгъгӕ, Мӕ номыл Мын хӕдзар сараздзӕни дӕ фырт, дӕ фӕстӕ дын дӕ къӕлӕтджыны кӕй сбадын кӕнон, уый.


Дӕхицӕн ӕнцад хуысдзынӕ, ӕмӕ дын тас никӕмӕйуал уыдзӕн, бирӕтӕ дӕ зӕрдӕ балхӕныныл архайдзысты.


ӕдзӕсгӕмттӕм бахӕлӕг кодтон, ӕнаккӕгтӕ цардӕй къӕртт куыд ӕппарынц, уымӕ кӕсгӕйӕ,


Ма тӕрс, ӕвиппайды цы бӕллӕх ӕрцӕуы, уымӕй, ӕнӕхуыцӕуттӕ кӕй цӕттӕ кӕнынц, уыцы фыдбылызӕй,


Мӕ коммӕ куы нӕ бакӕсат ӕмӕ хивӕнд митыл куы схӕцат — карды амӕттаг бауыдзыстут. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг».


Ароеры алыварс сахартӕ федзӕрӕг уыдзысты. Ӕрмӕст ма дзы фосы дзугтӕ ривӕд кӕндзысты ӕмӕ сын тас никӕмӕй уыдзӕн.


«Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — фидар ран цы зӕгӕл ныкъкъуырдӕуыд, уый сызмӕлдзӕн ӕмӕ рахаудзӕн, цыдӕриддӕр ыл ауыгъд уыди, уыдон ныппырх-нызгъӕлӕн уыдзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.


О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.


Уӕд раст тӕрхоны фӕрцы мыггагмӕ ӕрбынӕттон уыдзысты фарн, ӕнцой ӕмӕ ӕдасдзинад.


Ма хъусут Езекиамӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах зӕгъы, мемӕ бафидаут ӕмӕ уӕхи раттут мӕ къухмӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕра йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуитӕй, нуаза йӕ цъайы донӕй,


Ӕмӕ Дунедарӕджы кад раргом уыдзӕн, ӕмӕ Йӕ алы адӕймаг дӕр фендзӕн! Дунедарӕг Йӕхӕдӕг загъта афтӕ».


«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн; ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ, ферох дӕ уыдзӕн тас.


Ӕмӕ уӕд Мӕхӕдӕг суыдзынӕн уӕ цины суадон. Сисдзынӕн уӕ алы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ уын саккаг кӕндзынӕн, кӕддӕр уӕ фыдӕл Йаковӕн цы исбон балӕвар кодтон, уый». Афтӕ загъта Дунедарӕг.


Сӕ сӕргъы сын, чи сӕ хиздзӕн, ахӕм фыййӕуттӕ сӕвӕрдзынӕн, нал тӕрсдзысты ӕмӕ нал сӕфдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн.


Ӕз семӕ сараздзынӕн фарны фидыд, сӕ зӕххӕй сын асурдзынӕн тугдзых сырдты, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты тыгъд быдыры, ӕнӕмӕтӕй хуысдзысты хъӕдты.


Адӕмтӕн нал уыдзысты ӕфтиаг, нал сӕм лӕбурдзысты хъӕддаг сырдтӕ дӕр. Ӕдасӕй цӕрдзысты ӕмӕ сыл тас ничиуал ӕфтаудзӕни.


Ды зӕгъдзынӕ: ‚Цӕуон ӕмӕ бабырсон ӕнӕбыру бӕстӕмӕ, ӕнцад, ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, уыцы адӕммӕ: нӕй сӕм нӕдӕр бырутӕ, нӕдӕр ӕхгӕнӕнтӕ, нӕдӕр кулдуартӕ.


Сӕ фыдгулты бӕстӕтӕй сӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй бирӕ адӕмты раз равдисдзынӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый. Ӕмӕ сӕхи зӕххыл ӕдасӕй цӕрын куы байдайой, куы ничиуал сӕ тӕрсын кӕна, уӕд ӕрхуддзысты сӕхиуыл, сӕ фыдракӕндтӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты.


Уӕ зӕххӕн уын сабырдзинад ратдзынӕн: куы-иу бафынӕй уат, уӕд уӕ хъыгдарӕг нӕ уыдзӕн. Уӕ зӕххӕй уын тугдзых сырдты фӕсурдзынӕн, фыдгулы кардӕй хызт уыдзӕни уӕ бӕстӕ.


Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныууадздзӕнис рӕстӕгмӕ, цалынмӕ, ӕнхъӕлцау Чи у, уый ныййара, уӕдмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ, израилӕгты ’фсымӕртӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕм фӕстӕмӕ раздӕхдзысты.


Израилӕгтӕй ма чи фервӕза, уыдон галиу хъуыддӕгтӕ нал кӕндзысты, сайӕн ӕмӕ мӕнгард ныхас сӕ дзыхӕй нал схаудзӕн. Уыдон хиздзысты ӕмӕ улӕфдзысты фыстау, никӕмӕй сын уыдзӕн тас.


Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕ кӕрӕдзийы сӕнӕфсир ӕмӕ легъуи бӕласы бын абадынмӕ хондзыстут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan