Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Фӕлӕ уыдон Дунедарӕджы хъуыдытӕ нӕ зонынц, Йӕ уынаффӕ сын зындгонд нӕу. Куыристӕ мусы куыд ӕрӕмбырд кӕнынц, уыйау сӕ ацы ран кӕй сӕмбырд кодта, уый не ’мбарынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 4:12
15 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Ассирийы паддзахӕн ууыл нӕу йӕ мӕт, йӕ сагъӕс. Йӕ зӕрды ис бирӕ адӕмты бабын кӕнын.


Уӕ мӕ адӕм, найгонд чи ӕрцыд мусы! Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, цы фехъуыстон, уый уын ныр хъусын кӕнын.


Ӕнӕнымӕц адӕмты ’фсӕдтӕ тох кӕнынц Ариелы ныхмӕ, ӕрхъула йыл кодтой, йӕ фидӕрттӕм ын бырсынц — фынау, ӕхсӕвы фыдфынау ӕрбайсӕфдзысты уыдон.


Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ хъуыдытӕ сымах хъуыдыты хуызӕн не сты, сымах гӕнӕнтӕ та — Мӕ гӕнӕнты хуызӕн.


Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Ӕз зонын, цы уын снысан кодтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ фыдбылызы нӕ, фӕлӕ уӕ фарны сӕраппонд, цӕмӕй уӕ схайджын кӕнон фидӕн ӕмӕ зӕрдӕдарӕнӕй.


«Ды Мӕ дзӕбуг дӕ, Мӕ тохгӕнӕн хӕцӕнгарз! Ӕз-иу дӕуӕй басастон адӕмты, паддзахӕдтӕ-иу бабын кодтон.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Вавилоны чызджы мусау ныннай кодтой, тагъд йӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕудзӕн».


Ӕппӕт адӕмты ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Иосафаты дӕлвӕзмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ сын Мӕ адӕмы, Мӕ исбоны, Израилы тыххӕй сын тӕрхон кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтой ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх байуӕрстой.


Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу бафснайдзӕни Йӕ хордоны, зыгуым та басудздзӕн ӕнӕхуысгӕ арты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan