6 Уый тыххӕй сӕм цӕстылуайӕнты бӕсты ӕнхъӕлмӕ кӕсы тар ӕхсӕв, рагуацты бӕсты — саудалынг. Хур сыл баталынг уыдзӕн, боны рухс нал фендзысты.
Дунедарӕджы къухы ис ӕхсидгӕ сӕны кӕхц, маст хъацӕнтӕй — йедзаг, ӕмӕ Уый ӕгас зӕххы ӕнӕхуыцӕуттӕн уыцы сӕнӕй бануазын кӕндзӕн йӕ бынтӕм.
Дунедарӕг уыл тарф фынӕй бафтыдта, уӕ цӕстытӕ уын сӕхгӕдта, пехуымпартӕ, уӕ сӕртӕ уын батыхта, зонынджынтӕ.
Куырмытау быруйы ӕнцӕйтты цӕуӕм. Рухс бонрӕфты фӕцӕйкӕлӕм, талынджы цӕуӕгау. Нӕ цардӕн йӕ тӕккӕ тӕмӕны мардау стӕм.
Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.
Авд сывӕллоны ныййарӕгмӕ ныр хъару нал ис, ӕмӕ йӕ уд исы, ӕмбисбон аныгуылди йӕ хур, сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг ис. Чи ма аирвӕзт, уыдоны та Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн се знӕгты цӕстыты раз», — зӕгъы Дунедарӕг.
Фӕлӕ уыдон загътой: «Цӕй ӕмӕ Йеремиайы ныхмӕ исты фыдвӕнд саразӕм, цӕмӕй сауджынты Ӕгъдау, куырыхонты уынаффӕтӕ ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕ ма фесӕфой. Цӕуӕм ӕмӕ йыл хахуыртӕ ӕрымысӕм, ма йын байхъусӕм йӕ ныхӕстӕм».
Мӕ къух сисдзынӕн, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ чи уыны ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм. Уыдон Мӕ адӕмы ’хсӕн нал уыдзысты, Израилы адӕмы хыгъды фыст не ’рцӕудзысты ӕмӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый.
Фыдбылыз цӕудзӕни фыдбылызы фӕдыл, фыдуац фыдуацы фӕдыл. Пехуымпартӕй курдзысты цӕстылуайӕнтӕ, фӕлӕ сауджынтӕм зондамынд нал разындзӕн, хистӕртӕм та — уынаффӕ.
Мӕнӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ зӕххыл стонг заман ӕруадздзынӕн. Дзул ӕмӕ доны фыдӕй куы фӕмӕлынц, ахӕм дуг нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы ныхас фехъусынмӕ куы бӕлдзысты, ахӕм заман.
Афтӕмӕй та уыдон пехуымпартӕн дзырдтой: «Рагуацтӕ мауал хъусын кӕнут, мах нӕ фӕхудинаг уыдзыстӕм!»