4 Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.
Фыдбон ыл куы акӕна, уӕд ын Хуыцау йӕ фӕдисхъӕр фехъусдзӕн?
Хуыцау тутт ныхӕстӕм нӕ хъусы, Ӕппӕтхъомыс уыдӕттӕ ницӕмӕ дары.
уӕд ма мӕм сиддзысты, фӕлӕ дзуапп нӕ ратдзынӕн, агурдзысты мӕ, фӕлӕ мӕ нал ссардзысты.
Хуыцауы ’гъдаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн йӕ куывд дӕр — ӕлгъаг.
Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.
Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мӕнӕ сыл Ӕз фыдбылыз ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын не суыдзӕн. Хъӕрахст Мӕм кӕндзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн.
Ком куы дарой, уӕд сын Ӕз сӕ кӕуын нӕ фехъусдзынӕн. Уыдон Мын иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, фӕлӕ сӕ Ӕз нӕ айсдзынӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн!»
сӕ цӕрджытӕ рацыдысты халдейӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕлӕ Ӕз ацы хӕдзӕрттӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, фесафдзынӕн, уыцы хӕдзӕрттӕ адӕмы мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахарӕй се ’ппӕт фыдракӕндты тыххӕй Ме ’ргом аздӕхтон.
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Уыдӕтты тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныххуырсдзынӕн. Мӕ цӕст сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ сын нӕ ныббардзынӕн. Хъӕрӕй Мӕм куы дзыназой, уӕд дӕр сӕ нӕ фехъусдзынӕн».
Пехуымпартӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзысты, дӕсныфӕрсджытӕ фӕхудинаг уыдысты, сӕ цӕсгӕмттӕ ӕрӕмбӕрздзысты, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг дзуапп нал ратдзӕн».
Уыцы зӕхх та йӕ цӕрджыты азымы тыххӕй, сӕ хъуыддӕгты аххосӕй, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни.
Дунедарӕг сӕм куы сидти, уӕд Ӕм уыдон куыд нӕ хъуыстой, афтӕ сӕ Ӕз дӕр, куы сидой, уӕд нӕ фехъусдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Бирӕтӕ Мын уыцы бон дзурдзысты: «Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Бирӕ диссӕгтӕ не ’вдыстам Дӕ номӕй?»
Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!“ Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕни: „Чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын“.
Фӕлӕ мах зонӕм, Хуыцау тӕригъӕдджынтӕм кӕй нӕ хъусы, уый. Чи Йӕ нымайы ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, Хуыцау уымӕ хъусы.
Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.
Уӕд ныккӕрздзыстут ӕмӕ хъаст кӕндзыстут, уӕхицӕн цы паддзах равзӕрстат, уымӕй, фӕлӕ уӕм Дунедарӕг нал ӕрыхъусдзӕн».