Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 3:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Мӕ адӕмы фыдтӕ Мын хӕрут, сӕ царм сын стигъут, се стджытӕ сын ныммур кӕнут; дзидза аджы сфыцынӕн, цӕджджинаджы ныккалынӕн куыд скӕрдынц, уыйау сӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 3:3
11 Iomraidhean Croise  

хъодыгонд ӕлгъаг кӕмӕн у, фӕлӕ Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдонӕн кад чи кӕны; кӕд йӕхицӕн исты зиан ӕрхӕсдзӕн, уӕддӕр йӕ сомы чи нӕ сайы;


Куы Дӕм дзыназон, мӕ къухтӕ-иу Дӕ рухс Кувӕндонмӕ куы сивазон, уӕд-иу мын айс мӕ куывд!


Иуӕй-иутӕн сӕ дӕндӕгтӕ сты хъаматӕ, се ’фсӕртӕ — кӕрдтӕ, цӕмӕй мӕгуырты ӕмӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай чи у, уыдоны ныхъуырой.


Дунедарӕг адӕмы хистӕрты ӕмӕ ӕлдӕртты азымджын кӕндзӕни: «Мӕ сӕндон Мын ныггӕныстон кодтат. Мӕгуырты исбон бастыгътат ӕмӕ дзы уӕ къӕбицтӕ байдзаг кодтат.


Чи уын радта уыцы бар, ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы ӕфхӕрат, мӕгуырты удхарӕй марат?» — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уыдон зӕгъынц, „Хӕдзӕрттӕ аразыны афон тагъд нӕма ӕрцӕудзӕн. Ацы сахар у аг, мах та — дзидза“.


стӕй дзы ныккал дзидзайы хуыздӕр хӕйттӕ: сины стджытӕ ӕмӕ сгуытӕ, байдзаг ӕй кӕн ӕвзаргӕ стджытӕй —


Байхъусут, мӕгуырты ’фхӕрджытӕ, се сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон!


Мӕ адӕм знӕгты хуызӕн систы. Сабыр фӕндаггонтӕн, хӕрамдзинадӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн сӕ уӕлӕфтаутӕ ӕмӕ сӕ пӕлӕзтӕ байсут.


Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan