Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 2:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Мӕ адӕм знӕгты хуызӕн систы. Сабыр фӕндаггонтӕн, хӕрамдзинадӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн сӕ уӕлӕфтаутӕ ӕмӕ сӕ пӕлӕзтӕ байсут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 2:8
10 Iomraidhean Croise  

Мах Израилимӕ хъӕрмудӕй цӕрӕм, ӕнувыд ыл стӕм, ды та израилаг сахар ныддӕрӕн кӕнынмӕ хъавыс, уыимӕ — стыр сахар. Цӕмӕн дӕ фӕнды Дунедарӕджы бӕстыхай фехалын?»


Менассиа — Ефремы, Ефрем — Менассиайы, сӕ дыууӕ та — Иудӕйы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Мӕ исбон, тар хъӕды цы домбай цӕры, уый ӕнгӕс сси: рыхы Мӕныл, ӕнӕуынон Мын фестад.


Фӕлӕ уын хорздзинад ӕнӕуынон у, ӕвзӕрдзинӕдтӕ уарзут. Сӕ царм бастыгътат адӕмӕн, се стджытӕ сын разынын кодтат!


Мӕ адӕмы фыдтӕ Мын хӕрут, сӕ царм сын стигъут, се стджытӕ сын ныммур кӕнут; дзидза аджы сфыцынӕн, цӕджджинаджы ныккалынӕн куыд скӕрдынц, уыйау сӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнут.


Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.


Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan