10 Сыстут ӕмӕ цӕугӕут, уымӕн ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕнцойдзинад нал уыдзӕн. Йе ’нӕхуыцау миты тыххӕй йӕ ӕгъатырӕй ныххӕлӕттаг кӕндзысты.
уӕд Израилы адӕмы рамӕрздзынӕн, цы зӕхх сын радтон, уымӕй, Мӕхи атигъ кӕндзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цы Кувӕндон срухс кодтон, ууыл дӕр, ӕмӕ Израилы адӕмыл худдзысты ӕмӕ сын фидис кӕндзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.
Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.
уӕд Ӕз Израилы адӕмы сӕ бындзарӕй срӕдувдзынӕн Мӕ зӕххӕй, кӕй сын радтон, уымӕй. Стӕй Мӕ номыл цы Кувӕндон срухс кодтон, ууыл дӕр Мӕхи атигъ кӕндзынӕн, ӕппӕт адӕмтӕ йыл худдзысты ӕмӕ йыл цъыфкалӕн кӕндзысты.
Хуыцау сын арфӕ ракӕны, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, сӕ фосӕн дӕр бакӕнӕнтӕ нал вӕййы.
Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх; ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ныр ӕз ацы зӕххы цӕрджыты фӕсурдзынӕн, фыдбылызы сӕ баппардзынӕн, се знӕгтӕ сӕ куыд ӕрцахсой, афтӕ».
Скӕс-ма къуыбыртӕм: ӕлгъаг митӕ кӕм нӕ фӕкодтай, ахӕм бынат ма баззади? Араббаг лӕг ӕдзӕрӕг быдыры куыд фӕбады, уыйау фӕндаджы был бадтӕ ӕмӕ дӕ хӕзгултӕм ӕнхъӕлмӕ кастӕ. Дӕ хӕтын ӕмӕ дӕ мӕнгард митӕй фӕчъизи кодтай зӕхх!
Сионӕй хъуысы хъарӕг: «О, додой! Мӕнӕ нӕ куыд бастыгътой! Мӕнӕ куыд фӕхудинаг стӕм! Фӕцӕуӕм нӕ зӕххӕй, ныппырх сты нӕ хӕдзӕрттӕ!»
«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм сӕ зӕххыл куы цардысты, уӕд ӕй фӕчъизи кодтой сӕ митӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй. Сӕ царды уагӕй фӕчъизи кодтой сӕхи дӕр, сылгоймаг йе ’рвылмӕйон туг цӕуыны заман куыд чъизи вӕййы, уыйау.
Ныххӕлиу сӕ кодтон алы бӕстӕты, алы адӕмтыл; стӕрхон сын кодтон сӕ фӕндӕгтӕм, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
Нырма нӕ бацыдыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы ӕнцойады бынатмӕ, уӕ зӕххы хаймӕ.
уӕд — ӕз уын ӕй абон зӕгъын — фесӕфдзыстут. Иорданы фаллаг фарс уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым бирӕ нӕ фӕцӕрдзыстут.
уӕд, арв ӕмӕ зӕххыстӕн, тагъд рӕстӕджы ӕнӕхай фӕуыдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ уӕхи бакӕнынмӕ кӕй тыххӕй цӕут, уыцы бӕстӕй. Уым уын бирӕ фӕцӕрын нӕ бантысдзӕн: цагъды фӕуыдзыстут.