Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 1:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 уымӕн ӕмӕ нӕй сдзӕбӕхгӕнӕн йӕ хъӕдгомӕн. Стыр бӕллӕх ӕрбахӕстӕг Иудеймӕ, суанг мӕ адӕмы кулдуары раз, Йерусалимы цур ӕрбалӕууыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 1:9
15 Iomraidhean Croise  

Езекиайы паддзахдзинады цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб Иудейы фидар сахарты ныхмӕ хӕцынмӕ ралӕууыд ӕмӕ сӕ бацахста.


Ассирийы паддзах Лахишӕй Йерусалиммӕ паддзах Езекиамӕ бирӕ ӕфсадимӕ арвыста йӕ хистӕр дзагдары. Уый ӕрлӕууыди, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уый дзыхмӕ.


Цӕуылнӕ ӕрбайсӕфы мӕ рис? Цӕуылнӕ байгас ис мӕ хъӕдгом? Сдзӕбӕхы амал ын цӕуылнӕ ис? Ау, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл нӕй, ахӕм суадон, мӕнг донгуырӕн мын фестадтӕ?


Мысыры чызг, Галаадмӕ ацу, ӕвдадзы хос ӕрхӕсс дӕхицӕн! Хосагурӕг дзӕгъӕлы зилыс — сдзӕбӕх уӕвӕн дын нӕй.


Кӕуы йӕ исбоныл Мароты цӕрӕг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕвирхъау фыдбылыз ӕруагъта Йерусалимы кулдуарыл.


уый тыххӕй сӕ Ӕз ныззыгуым кӕндзынӕн, гӕныстонмӕ сӕ ӕркӕндзынӕн сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.


Дӕ цӕф дын ничи сдзӕбӕх кӕндзӕн, нӕ байгас уыдзӕн дӕ хъӕдгом. Дӕ фыдбылызы хабар дын чидӕриддӕр фехъуса, уый нымдзӕгъд кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’нӕкӕрон ӕгъатырдзинад йӕхиуыл чи нӕ бавзӕрста, ахӕм нал баззад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan