8 Ӕз кӕудзынӕн ӕмӕ дзыназдзынӕн ууыл, бӕгъӕввад ӕмӕ бӕгънӕгӕй цӕудзынӕн; хъӕддаг куыдзау ниудзынӕн ӕмӕ страусау мӕ цӕссыг згъалдзынӕн,
Езекиайы паддзахиуӕджы цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб ӕрбабырста Иудейы фидар сахартӕм ӕмӕ сӕ бацахста.
Мардохей хабар куы фехъуыста, уӕд адӕргӕй йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ буар бызгъуыртӕй ӕрбамбӕрзта, рыджы йӕхи сӕвдылдта ӕмӕ, бон ӕм арвы рухс нал зынди, афтӕмӕй, хъӕрӕй ӕрдиаггӕнгӕ, сахары уынгты азгъордта.
Хъӕддаг куыйтӕн ӕфсымӕр сдӕн, страустӕн — хӕлар.
Рӕстаг сты Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, — ӕфхӕрды сӕрыл раст тӕрхон рахӕссы.
Уырдӕм ӕрцӕудзысты хъӕддаг сырдтӕ, йӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг уыдзысты уыгтӕй; ӕрцӕрдзысты дзы страустӕ, чъыллиппӕй дзы кафдзысты цӕуӕнгӕс дӕлимонтӕ.
Сӕ галуанты рӕйдзысты гиенӕтӕ, сӕ хиирхӕфсӕн бынӕтты ниудзысты хъӕддаг куыйтӕ.
Уӕдӕ ӕз дӕр Йазеры цӕрджытимӕ Сивмайы сӕнӕфсирыл кӕудзынӕн. Хешбон ӕмӕ Елале, мӕ цӕссыг уыл фӕкалдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тыллӕгӕфснайӕнты цины хъӕр нал хъуысы сымахӕй.
Мӕ хуылф ӕгасӕй дӕр риссы, саутухӕны бафтыдтӕн арӕг сылгоймагау. Цы хъусын, уымӕй арвы цӕфау фӕдӕн, цы уынын, уымӕй стыр катайы бацыдтӕн.
Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕгъын, ныууадзут мӕ мӕхи бар. Ӕз зӕрдӕхалӕн хъарӕг кӕндзынӕн. Ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ мын ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ бабын сты мӕ адӕм.
Ӕмризӕджы ризут, ӕнӕмӕттӕ! Тӕрсут, ӕнӕмӕттӕ! Уӕ дарӕстӕ раласут ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнут.
О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.
Мӕ сӕр куы фестид ӕнӕхъӕнӕй цӕссыгтӕ, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгдоны гуырӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕд дзыназин ӕз мӕ адӕмӕн сӕ мӕрдтыл!
Кӕудзынӕн хӕхтыл, хъарӕг сыл кӕндзынӕн, дзыназдзынӕн тыгъд быдырты сӕрвӕттыл! Басыгъдысты, иу цӕуӕг сыл нал ис, нал хъуысы фысты дзугты бӕгъ-бӕгъ. Уӕларвон мӕргътӕ фӕтахтысты, ныххӕлиу сты сырдтӕ.
Сионӕй хъуысы хъарӕг: «О, додой! Мӕнӕ нӕ куыд бастыгътой! Мӕнӕ куыд фӕхудинаг стӕм! Фӕцӕуӕм нӕ зӕххӕй, ныппырх сты нӕ хӕдзӕрттӕ!»
«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн, ныронг чи фӕмарди, уыдонау дӕлдзӕхмӕ ныххауинӕгтыл — Мысыры адӕмыл ӕмӕ иннӕ хъомысджын адӕмты чызджытыл.
Уыцы бон адӕмӕн хынджылӕггаг суыдзыстут, додой кӕндзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: «Ныххӕлӕттаг нӕ кодтой! Мӕ адӕмы исбон мын уӕй кӕнынц! О, додой! Исынц мын мӕ исбон! Уацары нӕ чи райста, уыдонӕн нын байуӕрстой нӕ быдыртӕ!»
Саул дӕр, иннӕтау, йӕ дарӕс феппӕрста ӕмӕ пехуымпариуӕг кодта Самуелы раз, цалынмӕ йӕ къӕхтыл лӕууыд, уӕдмӕ. Стӕй ӕрхауди, ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕгас ӕхсӕв бӕгънӕгӕй зӕххыл фӕци. Уымӕн афтӕ фӕзӕгъынц: «Ау, Саул дӕр пехуымпар сси?»