5 Ӕппӕт адӕттӕ ’рцӕудзысты Йаковы ӕнӕхуыцау миты, Израилы тӕригъӕдты аххосӕй. Самари — мӕнӕ ис Йаковы тӕригъӕд! Йерусалим — мӕнӕ ис Иудейы уаз къуыпп!
Уыцы заман Соломон Йерусалимы скӕсӕнварс хохыл моаваг ӕлгъаг Кемошӕн ӕмӕ аммонаг ӕлгъаг Молохӕн скодта фӕйнӕ кувӕн къуыбыры.
Уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, уый Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй ӕмӕ, Самарийы сахарты цы мӕнг кувӕндӕттӕ ис, ӕппӕт уыдоны тыххӕй цы загъта, уый».
Амри Семерӕй ӕвзисты дыууӕ талантӕй балхӕдта Самарийы къуылдым, сарӕзта йыл сахар ӕмӕ йӕ схуыдта Самари, йӕ раздӕры хицау Семеры номыл.
Йӕ паддзахиуӕджы ӕстӕм аз, нырма ӕрыгон уыдис, афтӕмӕй Иосиа йе ’ргом сарӕзта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы ’рдӕм. Дыууадӕсӕм аз та Иудей ӕмӕ Йерусалим сыгъдӕг кӕнын райдыдта кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕй, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕй.
Иосиа ныппырх кӕнын кодта Баалты нывондхӕссӕнтӕ, стӕй, цы будсудзӕнтӕ сыл уыди, уыдон дӕр. Уый акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕ. Иууылдӕр сӕ ныззыгуым кодта ӕмӕ сӕ, кӕддӕр сын нывӕндтӕ чи хаста, уыдоны ингӕнтыл ныххӕлиу кодта.
Ефремонты сӕйраг сахар — Самари, Самарийы сӕргъы — Ремалийы фырт. Сӕ уырнындзинад фидар куы нӕ уа, уӕд сӕ быныхъӕр айхъуысдзӕн“».
Дӕхи аххосӕй не ’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди!
Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Ӕз федтон, самариаг пехуымпартӕ зондцухтау Баалы номӕй пехуымпариуӕг куыд кодтой ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы, Израилы, куыд фӕрӕдийын кодтой, уый.
Ӕз уынын: Йерусалимы пехуымпартӕ дӕр ӕлгъаг митӕ кӕнынц: хӕтынц, сӕ хъуыддӕгты рӕстдзинад нӕй. Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы иу дӕр йӕ фыдракӕндтӕ ма ныууадза. Мӕ разы иууылдӕр Содомы хуызӕн систы, Йерусалимы цӕрджытӕ — Гоморрӕ».
Ды уыдӕттӕ дӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕвзарыс, дӕ фыдракӕндты аххосӕй хъизӕмарӕй мӕлыс.
Уӕ фыдракӕндты тыххӕй сымахӕй ӕппӕт уыдӕттӕ байстӕуыд, уӕ тӕригъӕдты аххосӕй ӕнӕхай фестут фарнӕй.
Байхъус, зӕхх! Ӕз ацы адӕмыл бӕллӕхтӕ ’руадздзынӕн. Сӕхи фӕндтӕ сӕ расайдзысты, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдауыл сӕхи атигъ кодтой.
Нӕ кады худтӕ куы ’рхаудысты нӕ сӕртӕй! О, додойаг куы фестӕм мах нӕ тӕригъӕды аххосӕй!
Дӕ хистӕр хо у Самари, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ галиуфарс, дӕ кӕстӕр хо та у Содом, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ рахизфарс.
Израилы йӕ низӕй куы дзӕбӕх кодтон, уӕд рабӕрӕг сты Ефремы тӕригъӕдтӕ, Самарийы фыдракӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнгард митӕ кӕнынц; хӕдзӕрттӕм лӕбурынц ӕмӕ уынгты адӕмы стигъынц.
Додойаг сты, Сионы хохыл, Самарийы къуыбырыл ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, адӕмты ’хсӕн фыццаг бынат чи ахсы, уыцы адӕмы барджынтӕ, ӕгас Израил ныфсджын кӕмӕй сты, уыдон!
Исаакы уаз къуыппытӕ ныддӕрӕн кӕндзынӕн, Израилы кувӕндӕттӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты, Ӕз кардимӕ Йеровоамы байзӕддӕгты ныхмӕ сыстдзынӕн».
Самарийы тӕригъӕдӕй ард чи хӕры, уыдон дзурынц: «Дан, сомы кӕнын дӕ хуыцауӕй, ард хӕрын Беер-Шевӕмӕ фӕндагӕй». Уыдон иууылдӕр ӕрхаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты.
Лахишы цӕрӕг, дӕ бӕхтӕ уӕрдоны сифтындз! Сионы чызгӕн йӕ тӕригъӕдтӕ дӕуӕй райдыдтой! Израилы фыдракӕндты аххосджын ды дӕ!