14 Морешет-Гаты сахармӕ дӕ чындздзон хуынтӕ арвитдзынӕ; Ахзивы хъӕуы цӕрджытӕ фыдӕнхъӕл фӕкӕндзысты Израилы паддзӕхты.
Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой.
Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы хӕзнадӕтты ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон дӕр Ахаз лӕварӕн арвыста Ассирийы паддзахӕн.
Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.
Рагуац Негевы цӕрӕгойты тыххӕй: «Уӕззау ӕргъӕмтты бын тӕссаг фӕндагыл хуссармӕ фӕцӕуынц хайуантӕ. Сӕ размӕ ӕвиппайды фӕвӕййынц домбӕйттӕ, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ фат-кӕлмытӕ. Адӕм хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл ласынц хъӕздыг лӕвӕрттӕ, хӕзнатӕ — пайда кӕмӕй нӕ фендзысты, уыцы адӕмӕн лӕварӕн.
Цӕуылнӕ ӕрбайсӕфы мӕ рис? Цӕуылнӕ байгас ис мӕ хъӕдгом? Сдзӕбӕхы амал ын цӕуылнӕ ис? Ау, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл нӕй, ахӕм суадон, мӕнг донгуырӕн мын фестадтӕ?
Кеила, Ахзив ӕмӕ Мареша — фараст сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.