Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 1:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иудейаг паддзӕхтӕ Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заман Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта морешетаг Михайӕн; цӕстылуайӕны йын раргом чындӕуыд, Самари ӕмӕ Йерусалиммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 1:1
27 Iomraidhean Croise  

Израилы паддзах Фекахы, Ремалийы фырты, паддзахиуӕджы дыккӕгӕм аз Иудейӕн паддзах сси Озиайы фырт Йотам.


Уый тыххӕй Дунедарӕг Азариайыл хъотырниз бафтыдта, ӕмӕ йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр уыцы низӕй не сдзӕбӕх. Царди хибарӕй, хицӕн хӕдзары. Йӕ фырт Йотам паддзахы галуаны уыди уагдар, бӕстӕйы адӕмӕн та — тӕрхонгӕнӕг.


Йотамы фырт Ахаз Иудейы паддзах сси Ремалийы фырт Фекахы паддзахиуӕджы ӕвддӕсӕм аз.


Израилы паддзах Осиайы, Елайы фырты, паддзахиуӕджы ӕртыккаг аз Иудейӕн паддзах сси иудейаг паддзах Ахазы фырт Езекиа.


Ахаз паддзах сси ссӕдзаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Йӕ фыдӕл Давиды нӕ бафӕзмыдта, Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ нӕ кодта.


Езекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фараст ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыди Захариайы чызг Авийа.


Дунедарӕг Хуыцау иудейаг паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты Иудей ӕмӕ Йерусалимы сомбоны фӕдыл Амоцы фырт Исайайӕн рагагъоммӕ кӕй равдыста, уыцы цӕстылуайӕнтӕ.


Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!


Иотамы фырт Ахаз, Озиайы фырты фырт, Иудейы паддзах куы уыди, уыцы заман Арамы паддзах Рецин ӕмӕ Ремалийы фырт Феках, Израилы паддзах, Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты, фӕлӕ йӕ сӕ бон бацахсын не сси.


Ефремонты сӕйраг сахар — Самари, Самарийы сӕргъы — Ремалийы фырт. Сӕ уырнындзинад фидар куы нӕ уа, уӕд сӕ быныхъӕр айхъуысдзӕн“».


«Иудейы паддзах Езекиайы заман пехуымпариуӕг кодта Морешетаг Миха. Уый ӕппӕт иудейӕгтӕн дзырдта: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, ацы Кувӕндон цы хохыл арӕзт ӕрцыд, уый та фестдзӕнис хъӕд“.


Дунедарӕг фехъусын кодта Йӕ ныхас Беерийы фырт Осиайӕн. Уый уыди Иудейы паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты, стӕй Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман.


Кӕд ды хӕтгӕ кӕныс, Израил, уӕд Иудӕ тӕригъӕдӕй йӕхи бахизӕд! Ма цӕут Гилгал кӕнӕ Бет-Авенмӕ ӕмӕ Дунедарӕгӕй сомы ма кӕнут.


Израил йе Сфӕлдисӕджы ферох кодта ӕмӕ галуантӕ фӕцарӕзта. Иудӕ дӕр бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ бирӕ сарӕзта, фӕлӕ сӕ Ӕз арты хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уыцы арт аныхъуырдзӕн сӕ галуантӕ.


Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты, Амос, Текоайы фыййӕуттӕй иу, цӕстылуайӕны цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Уый уыдис иудейаг паддзах Озиайы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр.


Додойаг сты, Сионы хохыл, Самарийы къуыбырыл ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, адӕмты ’хсӕн фыццаг бынат чи ахсы, уыцы адӕмы барджынтӕ, ӕгас Израил ныфсджын кӕмӕй сты, уыдон!


Ӕппӕт адӕттӕ ’рцӕудзысты Йаковы ӕнӕхуыцау миты, Израилы тӕригъӕдты аххосӕй. Самари — мӕнӕ ис Йаковы тӕригъӕд! Йерусалим — мӕнӕ ис Иудейы уаз къуыпп!


Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах ӕлгъ кӕнут раст тӕрхоныл, растӕй цы ис, уый ныггалиутӕ кӕнут.


Пехуымпар Аввакумы цӕстылуайӕн — рагуац.


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan