Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 9:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ахӕм бар ис, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ ацу уӕхимӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 9:6
24 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ уын Ӕз Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.


Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у.


Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.


Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».


Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».


Цы ӕнцондӕр у зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын“?


Уый рабадт ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ацыди.


Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта:


«Уый цытӕ дзуры? Хуыцауы куы фауы! Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕхимидӕг райдыдтой дзурын: «Уый хӕрам ныхас нӕу? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»


Ӕз сын дӕттын мыггагмӕйы цард — уыдонӕн мӕлӕт нӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕ ничи аскъӕфдзӕни Мӕ къухӕй.


Уымӕн ӕмӕ Йын Ды алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, цӕмӕй дзы алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард ратта.


ӕмӕ Йын радта тӕрхон кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ Уый у Адӕймаджы Фырт.


Уӕд ӕм Йесо дзуры: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу».


Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахизфарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ.


Петр ын загъта: «Еней, Йесо Чырысти дӕ дзӕбӕх кӕны. Рабад ӕмӕ ӕрбатух дӕ хуыссӕн». Еней уайтӕккӕ рабадти.


Кӕмӕн хатыр кӕнут, уымӕн ӕз дӕр хатыр кӕнын. Ӕз цы ныббарстон (кӕд уӕвгӕ исты ныббарстон), уӕд ӕй Чырыстийы раз уӕ сӕраппонд ныббарстон,


Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах ӕмӕ, цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ.


Цӕрут хӕларӕй, кӕрӕдзийы зындзинад уӕм хъарӕд, Хуыцау уын Чырыстийы фӕрцы куыд ныббарста, афтӕ хатыр кӕнут кӕрӕдзийӕн.


Быхсут кӕрӕдзийӕн. Иу уӕ иннӕмӕ куы фӕхӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд. Чырысти уын куыд ныббарста, афтӕ ут барон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan