5 Цы ӕнцондӕр у зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын“?
Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ахӕм бар ис, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ ацу уӕхимӕ».
Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ загъта ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн: «Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Хорз лӕг, хатыргонд дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
Сылгоймагӕн та загъта: «Барст дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
Йесойы ном, мӕнӕ кӕй уынут ӕмӕ хорз кӕй зонут, уыцы лӕгӕн хъару радта. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ цӕсты раз бынтондӕр сӕнӕниз кодта.
Петр ын загъта: «Еней, Йесо Чырысти дӕ дзӕбӕх кӕны. Рабад ӕмӕ ӕрбатух дӕ хуыссӕн». Еней уайтӕккӕ рабадти.