4 Йесо сын зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ загъта: «Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ уӕм цӕмӕн сӕвзӕрд?
О Дунедарӕг, фыдгӕнӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн, тыхгӕнӕгӕй мӕ бахиз!
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уыцы заман дӕм фӕзындзӕни сау хъуыдытӕ, фыдвӕндтӕ.
Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта ӕмӕ загъта: «Кӕцыфӕнды паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ куы сисой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕн; кӕцыфӕнды сахар кӕнӕ хӕдзар куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд уыцы сахар фесӕфдзӕн, хӕдзары дӕр бинонтӕн сӕ цард фехӕлдзӕн.
Йесо сын зыдта сӕ дыдзӕсгомдзинад ӕмӕ загъта: «Цы Мӕ фӕлварут? Рахӕссут-ма Мӕм динар, ӕмӕ йӕм ӕркӕсон».
Йесо сын уайтагъд Йӕ Удӕй базыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнут?
Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цыфӕнды паддзахад дӕр, йӕ адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ куы ралӕууой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕни, хӕдзары бинонтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд хӕдзар ныккӕлдзӕн.
Йесо сын бамбӕрста сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн уӕм афтӕ кӕсы?
Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыди, уыцы лӕгӕн загъта: «Сыст ӕмӕ адӕмы размӕ рацу». Уый сыстади ӕмӕ адӕмы размӕ рацыди.
Уӕд ын Йесо загъта: «Симон, иу ныхас дын куы зӕгъин, уый Мӕ фӕнды». Уый дзуапп радта: «Зӕгъ ӕй, Ахуыргӕнӕг».
Йесо бамбӕрста, цӕмӕй Йӕ бафӕрсынмӕ хъавынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уын афтӕ кӕй загътон: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут“, кӕрӕдзийы уый тыххӕй фӕрсут?
Ныр уынӕм: Ды ӕппӕт дӕр зоныс. Ды развӕлгъау фӕзоныс, цӕмӕй Дӕ фӕрсдзысты, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕй уырны: Ды Хуыцауӕй ӕрцыдтӕ».
Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.
Йесо зыдта, ахуыргӕнинӕгтӕ, Йӕ ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, сӕхинымӕр хъуыр-хъуыр кӕй кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ бафарста: «Уый уӕ къуылымпы кӕны?
Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕни, уый дӕр.
Петр ын загъта: «Бардарӕджы Уды бафӕлварын сфӕнд кодтат?! Дӕ мойы дын чи баныгӕдта, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбацӕуынц ӕмӕ ныртӕккӕ дӕу дӕр ахӕсдзысты».
Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.