34 Фарисейтӕ та дзырдтой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ».
Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?
Ӕрцыдис Иоанн, нӕдӕр хӕргӕ кӕны, нӕдӕр нуазгӕ, ӕмӕ дзы уыдон зӕгъынц: „Хӕйрӕджджын у“.
Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой, цӕстӕй чи нӕ уыдта ӕмӕ ӕгомыг чи уыд, ахӕм хӕйрӕджджыны. Йесо йӕ сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕгомыг райдыдта дзурын, цӕстӕй дӕр суыдта.
Кӕд Ӕз дӕлимонты Веелзевулы хъаруйӕ сурын, уӕд сӕ уӕ фӕдонтӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уӕдӕ уын уыдон тӕрхонгӕнӕг уыдзысты.
Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг динамонджытӕ та дзырдтой, Веелзевулы дӕлбар у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕлимонты дӕр се ’лдары хъаруйӕ суры.
Иуӕй-иутӕ ма афтӕ дӕр загътой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдар Веелзевулы хъаруйӕ».
Йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕмӕн сты, уый рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой.
Адӕм ын загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?»