29 Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд».
Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Сылгоймаг, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ чызг уайтагъд сдзӕбӕх.
Йесо куырмытӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын сӕ цӕстытӕм бавнӕлдта. Уыдон уайтагъд ракастысты сӕ цӕстӕй ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр Йӕ фӕдыл ацыдысты.
Йесо сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ацу, ӕмӕ дӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг уыцы сахат сдзӕбӕх ис.
Йесо акасти фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайсахат сдзӕбӕх ис.
Хӕдзармӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд Ӕм уыцы дыууӕ куырмы бацыдысты, ӕмӕ сӕ Йесо бафарста: «Мӕ бон уӕ сдзӕбӕх кӕнын кӕй у, уый уӕ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!»
Йесо йын загъта: «Ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Куырм уыцы сахат цӕстӕй ракаст ӕмӕ Йесойы фӕдыл ацыди.