Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 9:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Йесо уырдыгӕй куы рараст ис, уӕд дыууӕ куырмы рацыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 9:27
24 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ Йесо Чырыстийы — Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы — хӕдзарвӕндаг.


куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.


Уым Йӕ размӕ рацыди уырдыгон ханаанаг сылгоймаг ӕмӕ Йӕм хъӕр кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, Бардарӕг, Давиды Фырт! Мӕ чызг хӕйрӕджджын сси, ӕмӕ йӕ удхарӕй марынц».


ӕмӕ Йӕм бахатыд: «Хицау, батӕригъӕд кӕн мӕ фыртӕн. Суртӕгӕнаг у ӕмӕ тынг удхар кӕны; арӕх йӕхи куы артмӕ ӕппары, куы донмӕ.


Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йерихонӕй куы рацыдысты, уӕд Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм.


Сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ Йесойы диссӕгтӕ куы федтой, стӕй, сывӕллӕттӕ Кувӕндоны «Осаннӕ Давиды Фыртӕн!», зӕгъгӕ куыд хъӕр кӕнынц, уый, уӕд тынг смӕсты сты,


Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»


Хӕдзармӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд Ӕм уыцы дыууӕ куырмы бацыдысты, ӕмӕ сӕ Йесо бафарста: «Мӕ бон уӕ сдзӕбӕх кӕнын кӕй у, уый уӕ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!»


Арфӕгонд уӕд нӕ фыдӕл Давиды ӕрцӕуинаг Паддзахад! Осаннӕ уӕлӕрвты!»


Дӕлимон ӕй бирӕ хӕттыты хъавыди фесафынмӕ: куы арты, куы та йӕ доны ӕппӕрста. Фӕлӕ кӕд Дӕ бон исты саразын у, уӕд нын фӕтӕригъӕд кӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕн».


ӕмӕ йӕм уырдыгӕй хъӕр кодтой: «Хицау Йесо, батӕригъӕд нын кӕн!»


Йесо та сӕ бафарста: «Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ, цӕмӕн зӕгъынц?


Уӕдмӕ Йесо бирӕ адӕмы фервӕзын кодта алыхуызон низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕй, бирӕ куырмыты цӕстӕй ракӕсын кодта.


Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕй, Чырысти Давиды байзӕддаг уыдзӕн ӕмӕ, Давид кӕм царди, уыцы хъӕуӕй, Вифлеемӕй, ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ?»


Уый у Йӕ Фырты Фарны Уац. Йӕ равзӕрдмӕ гӕсгӕ Уый уыди Давиды байзӕддаг,


Уыдонӕн ис рагфыдӕлтӕ; се ’хсӕн райгуырди Чырысти дӕр, ӕппӕтыл Кӕй бар цӕуы, уӕлдӕр Кӕмӕй нӕй, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд ӕнустӕм! Аммен.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan