26 Хабар айхъуыст ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл.
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Уыдон та ацыдысты ӕмӕ Йын ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой Йӕ кой.
Ӕгас Галилейыл Йесойы кой уайтагъд айхъуысти.
Фӕлӕ уый ацыд ӕмӕ хабар дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уыйадыл Йесойӕн сахартӕм ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыд ӕмӕ-иу хибар рӕтты баззади. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр алырдыгӕй цыдысты.
Уыцы хабӕрттӕ паддзах Ироды хъустыл дӕр ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр Йесойы кой кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Уый Аргъауӕг Иоанн мӕрдтӕй растад ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы».
Йесо ӕрбаздӕхти Галилеймӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ хайджынӕй, ӕмӕ Йӕ кой айхъуыстис ӕппӕт бӕстӕйыл.
Ӕмӕ Йесойы кой айхъуысти Капернаумы алфамбылай.
Фӕлӕ уӕддӕр Йесойӕн Йӕ кой дӕрдтыл айхъуысти, ӕмӕ Йӕм адӕм гуылф кодтой — байхъусынмӕ ӕмӕ сӕхи сдзӕбӕх кӕнынмӕ.
Йесойы кой айхъуыст ӕгас Иудейы ӕмӕ йӕ алфамбылай.
Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй зоны, ӕз ныфсджынӕй кӕй разы дзурын, уыцы паддзах. Мӕн нӕ уырны, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй исты басусӕг уа паддзахӕй, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ фӕскъуым не ’рцыдысты.