Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 9:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Йесо уыцы хицауы хӕдзармӕ куы бацыд, уадындзӕй цӕгъдджыты ӕмӕ тыхст адӕмы куы федта,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 9:23
12 Iomraidhean Croise  

Йеремиа йыл скодта хъарӕг. Уӕдӕй нырмӕ йӕ хъарджыты фӕмысынц бирӕ зарӕггӕнджытӕ, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй. Израилы уый сси фӕтк, уыцы зарджытӕ фыст ӕрцыдысты «Хъарджыты чиныджы».


Номджынӕй, мӕгуырӕй, ацы зӕххы адӕм иууылдӕр амӕлдзысты ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззайдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, уыдоны тыххӕй йӕ буар ничи ныллыгтӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ сӕр ничи адасдзӕн.


Ӕнӕдзургӕйӕ дзыназ, йӕ мардыл-иу ын богъ-богъ ма кӕн. Дӕ сарыхъ-иу стух дӕ сӕрыл, дӕ дзабыртӕ-иу дӕ къӕхтыл скӕн. Дӕ зачъе ма бамбӕрз, мардыкӕнды къӕбӕрӕй ма саход».


„Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ дзынӕзтат“.


Сывӕллӕтты хуызӕн сты, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ чи зӕгъы: „Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ куыдтат“.


Павел ӕрцыд, ныддӕлгом ыл ӕмӕ йын ныхъхъӕбыс кодта: «Ма тыхсут, — загъта, — йӕ уд йӕ мидӕг ис».


Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон.


Нал фехъусдзынӕ фӕндырдзӕгъдджыты ӕмӕ зарӕггӕнджыты, уадындзтӕ ӕмӕ сыкъауадындзтыл цӕгъдджыты; нал дӕм уыдзӕн иу ӕрмдӕсны дӕр, нал дӕ хъуысдзӕн куыройы фыдты уынӕр;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan