Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 9:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕзӕрд хъуымац нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы фестырдӕр уыдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 9:16
11 Iomraidhean Croise  

Фӕлтау, ме ’лдар, ды, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъары разӕй ацу, ӕз та дӕ фӕстӕ — сындӕггай, мӕ разӕй фос куыд цӕуой, стӕй сывӕллӕттӕ куыд фӕразой, афтӕ, цалынмӕ дӕм, ме ’лдар, Сеирмӕ бахӕццӕ уон, уӕдмӕ».


О, Дунедарӕг нын сарӕзта стыр диссаг, ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон нал уыди!


Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Йесо сын загъта: «Цалынмӕ сиахсаг семӕ уа, уӕдмӕ чындзӕхсӕвы хуынд адӕм, мыййаг, ӕнкъард кӕндзысты? Фӕлӕ ралӕудзӕни ахӕм бон, ӕмӕ сиахсаг се ’хсӕнӕй тыхист куы ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕд дардзысты ком.


Ногдыгъд сӕн дӕр уӕдӕ зӕронд лалымы ничи ныккӕны, науӕд лалымтӕ дӕр аскъуыйдзысты ӕмӕ сӕн дӕр акӕлдзӕни. Ногдыгъд сӕн ныккӕнынц ног лалымты, ӕмӕ уӕд сӕ дыууӕ дӕр ӕнӕхъӕнӕй баззайдзысты».


Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры: лӕзӕрд хъуымац ӕй нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы фестырдӕр уыдзӕни.


Фӕсномыг ныхас дӕр сын ракодта: «Ног дарӕсӕй гӕппӕл ничи скъуыны ӕмӕ дзы зӕронд дарӕс не ’мпъузы. Науӕд ног дарӕс дӕр ныскъуыдтӕ уыдзӕн, зӕронд дарӕсыл дӕр ӕмпъузӕн не сбаддзӕн.


Сымахӕн ма мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ сӕ нырма уӕ бон бамбарын нӕ бауыдзӕн.


Ныр ис ӕртӕ: уырнындзинад, ныфс, уарзт. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахъаззагдӕр уарзт у.


Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕджытӕн сӕ хъуӕгты баххуыс кӕнынӕй уӕлдай уӕ уыцы лӕггад расайдзӕн бирӕ арфӕтӕ Хуыцауӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan