Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 9:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Йесо сын загъта: «Цалынмӕ сиахсаг семӕ уа, уӕдмӕ чындзӕхсӕвы хуынд адӕм, мыййаг, ӕнкъард кӕндзысты? Фӕлӕ ралӕудзӕни ахӕм бон, ӕмӕ сиахсаг се ’хсӕнӕй тыхист куы ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕд дардзысты ком.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 9:15
22 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сымахӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бон сау дарат ӕмӕ дзыназат, уӕ сӕрыхил алвынат ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнат.


Уӕд Ӕм бацыдысты Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Мах ӕмӕ фарисейтӕ ком арӕх куы дарӕм, уӕд Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуылнӕ дарынц ком?»


Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕзӕрд хъуымац нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы фестырдӕр уыдзӕни.


Йесо сын загъта: «Сиахсаг цалынмӕ семӕ вӕййы, уӕдмӕ чындзӕхсӕвы уазджытӕ ком фӕдарынц, мыййаг? Цалынмӕ сиахсаг семӕ вӕййы, уӕдмӕ ком нӕ фӕдарынц.


Фӕлӕ ралӕудзӕни, сиахсаджы сын се ’хсӕнӕй куы байсой, ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕд дардзысты ком.


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та загъта: «Скӕндзӕнис ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ бафӕнддзӕн Адӕймаджы Фырты Паддзахады бонтӕй уӕд та иу фенын, фӕлӕ йӕ нӕ фендзыстут.


Йесо сын загъта: «Сиахсаг цалынмӕ чындзхӕсджытимӕ уа, уӕдмӕ сӕ ком дарыныл бафтаудзыстут, мыййаг?


Фӕлӕ сын иу афон сиахсаджы куы акӕной, уӕд дардзысты ком».


уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕм уӕ зӕрдӕтӕ хъынцъым кӕнынц.


Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы йӕ фарсмӕ, хъусы йын йӕ райгӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йын цин кӕны йӕ циныл. Гъе ахӕм цин ныр ӕрцыди мӕнмӕ дӕр.


Алы аргъуанӕн дӕр сӕвӕрдтой хистӕртӕ, сӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕргӕйӕ. Ком даргӕйӕ сын скуывтой ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстой, Кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Бардарӕгыл.


Уӕ дыууӕйы дӕр куы фӕнда, уӕд ӕнӕ кӕрӕдзийӕ ут ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ — ком даргӕйӕ ӕмӕ кувгӕйӕ, — цӕмӕй та уый фӕстӕ ӕриу уат, ӕмӕ уӕ сайтан ма мондаг кӕна, уӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ фӕразут, уый аххосӕй.


Уӕззау куыст, ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвтӕ, стонг ӕмӕ дойны, уазал ӕмӕ бӕгънӕг…


Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».


Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan