Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 8:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Сӕдӕйыхицау Ын афтӕ: «Хицау, ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзары къӕсӕрӕй бахизай. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 8:8
18 Iomraidhean Croise  

Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг.


Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!


«Райс мӕнӕ ацы лӕдзӕг, ӕмӕ де ’фсымӕр Ааронимӕ дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕнут. Стӕй, иууылдӕр уӕ куыд уыной, афтӕмӕй къӕдзӕхӕн зӕгъут, дон ратт, зӕгъгӕ. Къӕдзӕхы хуылфӕй сын ды дон самал кӕндзынӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр».


Уӕ фӕсмоны нысанӕн уыл ӕз ӕрмӕстдӕр донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕдыл Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕмӕ уыл Уый аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.


Иоанн Ӕй урӕдта ӕмӕ Йын дзырдта: «Уый Ды хъуамӕ саргъауай мӕныл, Ды та мӕнмӕ ӕрбацыдтӕ?»


Йесо йӕм Йӕ къух бадаргъ кодта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ уыйадыл уый ссыгъдӕг ис йӕ хъотырӕй.


Йесо йын загъта: «Ӕз бацӕудзынӕн ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн».


Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр кӕйдӕр дӕлбар дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны».


ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн, фӕлӕ мӕ де ’ххуырстытау исты куыстыл бафтау‘ “.


Фырт ын загъта: „Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн“.


Симон Петр уый куы федта, уӕд Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн».


мӕ фӕстӕ Цӕуӕг, ӕмӕ ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan