6 «Хицау, мӕ лӕггадгӕнӕг хӕдзары хуыссы: ӕндзыгниз ӕй ӕрцахста, ӕмӕ тынг удхар кӕны».
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Йесо йын загъта: «Ӕз бацӕудзынӕн ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн».
Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
Йемӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕд куы ацыд, уӕд Корнелий фӕдзырдта йӕ фӕсдзӕуинтӕй дыууӕмӕ, стӕй йӕ цумагӕнӕн ӕфсӕддонтӕй иумӕ, Хуыцауыл ӕнувыд лӕгмӕ.
Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй ӕнӕзӕгъинӕгтӕ рацыдысты хъӕргӕнгӕ, ӕндзыгнизӕй чи хъӕрзыд, уыдонӕй бирӕтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ сӕнӕниз сты.
Ам фембӕлд иу лӕгыл, йӕ ном — Еней. Уый ӕндзыгнизӕй сади — аст азы дӕргъы йӕ хуыссӕнӕй нӕ сыстад.
Ныр муртаттаг уай, иудейаг уай, сунӕтгонд уай, ӕнӕсунӕтгонд уай, талынг адӕмтӕй уай, скиф уай, цагъар уай, сӕрибар уай — уӕлдай нал у. Ӕппӕт дӕр у Чырысти, алкӕй зӕрдӕйы дӕр Уый цӕры.
Хицӕуттӕ, уӕ цагъартимӕ ут рӕстзӕрдӕ, кӕсут сӕм хорз цӕстӕй. Сымахӕн дӕр уӕларвы Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.
Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницыйы цӕстӕй ма кӕсӕнт, се ’фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты. Ууыл ахуыр кӕнын ӕмӕ уыцы зондыл аразын ӕмбӕлы уырнджыты, гъе!
цагъар дын мауал уа, фӕлӕ цагъарӕй уӕлдӕр — уарзон ӕфсымӕр. Ӕз ӕй бирӕ уарзын, фӕлӕ дӕуӕн та ноджы зынаргъдӕр суыдзӕн — куыд адӕймаг ӕмӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы де ’фсымӕр.