Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 8:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Йесо Капернауммӕ куы ӕрцыди, уӕд Ӕм сӕдӕйыхицау бацыди ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 8:5
15 Iomraidhean Croise  

Науӕд ды, Капернаум, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ дӕ арвмӕ сисдзысты? Нӕ, дӕлзӕхмӕ ныххаудзынӕ, уымӕн ӕмӕ, ды цы диссӕгтӕ федтай, уыдон Содомы куы равдыстӕуыдаид, уӕд ма уый абон дӕр ма йӕ бынаты лӕууид.


Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».


Назаретӕй ацыд ӕмӕ ӕрцарди денджызы былгӕрон, Капернаумы сахары, Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххыл.


Уӕд Йесо сбадти бӕлӕгъы, ахызти фаллаг фарсмӕ ӕмӕ Йӕ райгуырӕн сахармӕ ӕрбацыд.


Йӕ бакомкоммӕ чи лӕууыди, уыцы сӕдӕйыхицау, Йесо хъӕрӕй куыд ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд куыд систа, уый куы федта, уӕд загъта: «Ацы Адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди».


Цалдӕр боны фӕстӕ Йесо ӕрбаздӕхти Капернауммӕ. Хӕдзары кӕй ис, уый адӕмыл айхъуысти.


Фӕлӕ йӕ нӕмыны тыххӕй куы сбастой, уӕд Павел йӕ фарсмӕ лӕууӕг сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ау, сымахӕн ромаг гражданины ехсӕй нӕмыны бар ис, уыимӕ ӕнӕ тӕрхонӕй?»


Уӕд Павел фӕдзырдта сӕдӕйыхицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы ахон ӕфсӕддон хицаумӕ, цыдӕр зӕгъынмӕ йын хъавы».


Ӕфсӕддон хицау фӕсидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ.


Хуссайраг рог дымгӕ куы радымдта, уӕд ӕнхъӕлдтой, цӕмӕ бӕллыдысты, уый сӕ къухы бафтыд; систой науӕнгуыр ӕмӕ араст сты Криты былгӕрӕтты.


Уӕд Павел сӕдӕйыхицауӕн ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта: «Уыдон науыл куынӕ баззайой, уӕд уын фервӕзӕн нӕй».


Фӕлӕ сӕдӕйыхицауы фӕндыди Павелы фервӕзын кӕнын, ӕмӕ сӕ нӕ бауагъта. Бардзырд радта, цӕмӕй, ленк кӕнын чи зыдта, уыдон ӕппӕты разӕй ныггӕпп кӕной денджызмӕ ӕмӕ былмӕ рахизой;


Лиддӕ Яффомӕ хӕстӕг уыд, ӕмӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой, Петр уым ис, зӕгъгӕ, уӕд ӕм арвыстой дыууӕ адӕймаджы, цӕмӕй йын зӕгъой: «Рацу нӕм ӕвӕстиатӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan