33 Хуыгӕстӕ удаистӕй азгъордтой, сахармӕ бацыдысты ӕмӕ алцыдӕр радзырдтой, хӕйрӕджджынты хабар дӕр ракодтой.
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм ӕрхуыдтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Йесо Йӕ ныхасӕй фӕсырдта ӕнӕзӕгъинӕгты ӕмӕ ӕппӕт рынчынты дӕр сдзӕбӕх кодта.
Йесо сын загъта: «Ацӕут». Уыдон адӕмы ныууагътой ӕмӕ хуыты фӕмидӕг сты. Уӕд дзуг ӕмхуызонӕй къардиуы былӕй денджызмӕ йӕхи фехста ӕмӕ фесӕфти доны.