Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 8:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Дӕрддзӕф ран хызти хуыты стыр дзуг,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 8:30
10 Iomraidhean Croise  

Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.


Ма хӕрут хуыйы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сӕфтӕгджынтӕй у, стӕй саджилсӕфтӕг, уӕддӕр сынӕр нӕ цӕгъды, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн.


Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.


Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ды ардӕм уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, цӕмӕй нӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр хъизӕмарӕй марай?»


ӕмӕ дӕлимонтӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой: «Кӕд нӕ сургӕ кӕныс, уӕд нӕ уӕртӕ уыцы хуыты дзугмӕ бауадз».


Уым къуылдымыл хызти хуыты стыр дзуг,


Уырдӕм хӕстӕг хохыл хызти хуыты стыр дзуг, ӕмӕ дӕлимонтӕ Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕ уыдоны мидӕг бацӕуын бауадза. Йесо сын бар радта.


Хуы дӕр ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн, уымӕн ӕмӕ уый саджилсӕфтӕг у, фӕлӕ сынӕр нӕ цӕгъды. Сӕ фыд дӕр сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мардмӕ дӕр ма ӕвналут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan