Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 8:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Йесо йӕм Йӕ къух бадаргъ кодта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ уыйадыл уый ссыгъдӕг ис йӕ хъотырӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 8:3
19 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уӕд рухс!» Ӕмӕ фӕзынди рухс.


Нееман рамӕсты ис: «Ӕз ӕнхъӕлдтон, йӕхӕдӕг мӕм рацӕудзӕни ӕмӕ мын Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скувдзӕни, йӕ къух аратил-батил кӕндзӕни мӕ низӕфхӕрд буары сӕрмӕ ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кӕндзӕни мӕ хъотырӕй.


Уыйадыл Нееман ацыд Иорданы былгӕронмӕ. Хуыцауы уарзон адӕймаджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ дзы авд хатты куы нынныгъуылдис, уӕд йӕ буар сабийы буарау фестади, ссыгъдӕг ис бынтондӕр.


Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!


«Ногӕй йӕ дӕ роны акӕн», — загъта та йын Дунедарӕг. Моисей ногӕй йӕ къух йӕ роны акодта. Куы йӕ райста, уӕд фӕстӕмӕ йӕ хуыз райста.


Ӕмӕ уыцы лӕгӕн загъта: «Дӕ къух-ма Мӕм ӕрбадар». Уый Йӕм йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис, йӕ иннӕ къухы хуызӕн сси.


Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, къухӕй йыл бандзӕвыд ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, сдзӕбӕх у».


Йесо сыстади, уад басабыр кодта ӕмӕ денджызӕн загъта: «Ӕрӕнцай, ныссабыр у!» Уад банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Йӕ къухыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Талита, кум», ома: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст».


Уый фӕстӕ арвмӕ скасти, арф ныуулӕфыд ӕмӕ загъта: «Эффата», ома: «Байгом у».


Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын бардзырд дӕттын: рахиз дзы ӕмӕ йӕ мидӕг макуыуал бацу».


Бирӕ хъотырджынтӕ уыди пехуымпар Елисейы заман Израилы, фӕлӕ дзы иу дӕр не ссыгъдӕг ис — ӕрмӕстдӕр сириаг Нееман ссыгъдӕг ис».


Йесо Йӕм Йӕ къух бадардта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ рынчын уайтагъд йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх ис.


Бацыд ӕмӕ сынтмӕ Йӕ къухӕй бавнӕлдта. Сынтхӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты. Уӕд Йесо загъта: «Лӕппу, дӕумӕ дзурын, рабад».


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!»


Ӕз се ’хсӕн, ӕндӕр искӕмӕн йӕ бон саразын кӕй нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ куынӕ скодтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц.


Фыд мӕрдты куыд ӕгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan