Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 8:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ дзырдтой: «Уый Чи у, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 8:27
8 Iomraidhean Croise  

Бӕлӕгъы чи уыди, уыдон ӕрзоныг кодтой Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ».


Адӕм ӕгомыгты дзургӕ, цӕнкуылты ӕнӕсахъатӕй, къуылыхты цӕугӕ ӕмӕ куырмыты сӕ цӕстӕй ракӕсгӕ куы федтой, уӕд дисы бафтыдысты ӕмӕ кад кодтой Израилы Хуыцауӕн.


Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд, Йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн, дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: суанг Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон.


Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Йесо денджызы иннӕ былмӕ, Гадарӕйы бӕстӕм, куы бахӕццӕ ис, уӕд зӕппӕдзтӕй Йӕ размӕ рахызти дыууӕ хӕйрӕджджыны. Уыдон афтӕ знӕт уыдысты, ӕмӕ уыцы фӕндагыл рацӕуынмӕ йӕ ныфс ничи хаста.


Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры, ӕмӕ Йын ӕнӕзӕгъинӕгтӕ дӕр Йӕ бардзырд куы ӕххӕст кӕнынц».


Бӕлӕгъмӕ сӕм бахызти, ӕмӕ дымгӕ банцади. Уыдон стыр дисы бафтыдысты,


Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ дзырдтой: «Хорз кӕны алцы дӕр: къуырматӕн дӕр байгом кӕны сӕ хъустӕ, къуыттыты дӕр сдзурын кӕны».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan