Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 8:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исайа цы загъта, уый: «Уый нын райста нӕ рынтӕ ӕмӕ нын ахаста нӕ низтӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 8:17
9 Iomraidhean Croise  

Авраам йӕ фырт Исаакы ӕккой сӕвӕрдта, иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссынӕн сӕм цы суг уыди, уый, райста зынг ӕмӕ кард, ӕмӕ араст сты дыууӕйӕ.


Афтӕмӕй нын Уый райста нӕ рынтӕ, ахаста нын нӕ хъыгтӕ, мах та афтӕ ӕнхъӕл уыдыстӕм, цыма Йын Хуыцау Йӕхи бафхӕрдта, ӕрцавта Йӕ ӕмӕ Йӕ удхарӕй мардта.


Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Хуыцау пехуымпары дзыхӕй цы фехъусын кодта, уый:


Уым фӕцис Ироды амӕлӕтмӕ. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй Хуыцау цы загъта, уый: «Ӕз Мысырмӕ фӕсидтӕн Мӕ Фыртмӕ».


Ӕрцыдис уырдӕм ӕмӕ ӕрцарди, Назарет цы сахар хуынди, уым. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпартӕ цы загътой, уый: «Схондзысты Йӕ Назорей».


Хур куы аныгуылд ӕмӕ куы баизӕр ис, уӕд Ӕм райдыдтой рынчынтӕ ӕмӕ хӕйрӕджджынты кӕнын,


Исты низӕй рынчын йӕ хӕдзары кӕмӕндӕриддӕр уыди, — хурныгуылдыл Ӕм сӕ ӕрбалӕууын кодтой. Уый та-иу сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты.


Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы сӕраппонд ӕз райгонд дӕн мӕ лӕмӕгъдзинадӕй, ме ’фхӕрдӕй, мӕ хъуӕгтӕй, мӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕй, мӕ тыхст уавӕртӕй. Уымӕн ӕмӕ тыхджын вӕййын лӕмӕгъӕй.


Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan