Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 8:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм ӕрхуыдтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Йесо Йӕ ныхасӕй фӕсырдта ӕнӕзӕгъинӕгты ӕмӕ ӕппӕт рынчынты дӕр сдзӕбӕх кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 8:16
17 Iomraidhean Croise  

Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».


Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой, цӕстӕй чи нӕ уыдта ӕмӕ ӕгомыг чи уыд, ахӕм хӕйрӕджджыны. Йесо йӕ сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕгомыг райдыдта дзурын, цӕстӕй дӕр суыдта.


Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ, фӕтӕригъӕд сын кӕнгӕйӕ, сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты.


Йесо йын бавнӕлдта йӕ къухмӕ, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауди; сыстад ӕмӕ Йын лӕггад кӕнын райдыдта.


Хуыгӕстӕ удаистӕй азгъордтой, сахармӕ бацыдысты ӕмӕ алцыдӕр радзырдтой, хӕйрӕджджынты хабар дӕр ракодтой.


Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».


Ӕмӕ Йӕм мӕнӕ цыппар лӕджы ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды.


Афтӕ та уымӕн дзырдта, ӕмӕ йын Йесо загъта: «Ӕнӕзӕгъинаг, ныууадз ацы лӕджы».


Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын бардзырд дӕттын: рахиз дзы ӕмӕ йӕ мидӕг макуыуал бацу».


Йесо йӕ куы федта, уӕд ӕм фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй суӕгъд дӕ».


Исты низӕй рынчын йӕ хӕдзары кӕмӕндӕриддӕр уыди, — хурныгуылдыл Ӕм сӕ ӕрбалӕууын кодтой. Уый та-иу сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты.


Бирӕты фервӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй, хӕйрӕджытӕ-иу, хъӕргӕнгӕ, ӕддӕмӕ рацыдысты: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.


Адӕм сӕ рынчынты хастой уынгтӕм, ӕвӕрдтой сӕ хуыссӕнтӕ ӕмӕ сынтытыл, цӕмӕй дзы искӕуыл сӕ рӕзты цӕуӕг Петрӕн йӕ аууон уӕддӕр андзӕва.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan