Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 8:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Йесо йын бавнӕлдта йӕ къухмӕ, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауди; сыстад ӕмӕ Йын лӕггад кӕнын райдыдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 8:15
15 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ иуахӕмы израилӕгтӕ иу лӕджы куы ныгӕдтой, уӕд ауыдтой моавӕгты ӕфсад. Фыр тӕссӕй сӕ марды тагъд-тагъд Елисейы зӕппадзмӕ баппӕрстой. Марды буар хаугӕ-хауын Елисейы стджытыл андзӕвыд ӕмӕ райгас ис, йӕ дыууӕ къахыл слӕууыд.


Уыцы зынгӕй мын бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Ацы зынг дӕ былтыл андзӕвыд, ӕмӕ фервӕзтӕ дӕ азымӕй, барст дын ӕрцыди дӕ тӕригъӕд».


ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй сӕ Йӕ дарӕсы хаутыл бандзӕвын уӕд та бауадза, ӕмӕ-иу Ыл чидӕриддӕр бандзӕвыди, уыдон-иу сдзӕбӕх сты.


Йесо куырмытӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын сӕ цӕстытӕм бавнӕлдта. Уыдон уайтагъд ракастысты сӕ цӕстӕй ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр Йӕ фӕдыл ацыдысты.


Йесо Петры хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд ын йӕ усы мады баййӕфта тӕвднизӕй сӕйгӕйӕ.


Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм ӕрхуыдтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Йесо Йӕ ныхасӕй фӕсырдта ӕнӕзӕгъинӕгты ӕмӕ ӕппӕт рынчынты дӕр сдзӕбӕх кодта.


Йесо йӕм Йӕ къух бадаргъ кодта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ уыйадыл уый ссыгъдӕг ис йӕ хъотырӕй.


Уым уыди, дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй кӕмӕн не ’нцад, иу ахӕм сылгоймаг. Фӕстӕрдыгӕй Йӕм бацыд ӕмӕ Йын андзӕвыд Йӕ пӕлӕзы кӕроныл,


Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд».


Уыйадыл синагогӕйӕ рацыдысты, ӕмӕ Йесо Йаков ӕмӕ Иоаннимӕ ацыди Симон ӕмӕ Андрейы хӕдзармӕ.


Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, къухӕй йыл бандзӕвыд ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, сдзӕбӕх у».


Фӕлӕ йын Йесо рахӕцыд йӕ къухыл ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Мӕнӕ чызг, рабад!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan