11 Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ иу фынгыл ӕрбаддзысты.
Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».
Кӕй Мӕм байхъуыстай, уый тыххӕй дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».
Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххы рыгау сбирӕ уыдзысты ӕмӕ ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм, цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.
Стауӕнт уыдон Де стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг ном: сыгъдӕг у уый!
Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.
Уыдон ӕрбацӕудзысты дунейы алы кӕрӕттӕй: дард скӕсӕнӕй, цӕгатӕй, ныгуылӕнӕй — денджызы ’рдыгӕй ӕмӕ хуссарӕй — Синимы зӕххӕй».
Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».
Дунедарӕг Йӕ уаз хъомыс равдыста адӕмтӕн се ’ппӕтӕн. Дунейӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ иууылдӕр уыдзысты ӕвдисӕн, нӕ Хуыцау нӕ куыд фервӕзын кодта, уымӕн.
Уӕд ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕны адӕмтыл тас бафтаудзысты Дунедарӕджы ном, Йӕ кады хабӕрттӕ. Тыхгӕнджытӕ цӕугӕдонау куы ’рбагуылф кӕной, уӕд сӕ Дунедарӕг ныффалгӕрон кӕндзӕн уадау.
О Дунедарӕг! Ды — мӕ тых, мӕ мӕсыг, бӕллӕхы заман ме ’мбӕхсӕн Ды дӕ! Цӕудзысты Дӕм зӕххы кӕрӕттӕй адӕмтӕ, зӕгъдзысты Дын: «Нӕ фыдӕлтӕн сӕ бынтӕ — ӕнӕпайда гуымирытӕ, мӕнгдзинад.
Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.
Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Йесойӕн дзуапп радтой: «Уыцы фыдгӕнджыты амардзӕни фыдмардӕй, сӕндон та, афоныл ын йӕ сӕнӕфсир чи дӕтта, ахӕм кусджыты бар бакӕндзӕн».
Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты алы рӕттӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты — арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.
«Уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».
Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд, Йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн, дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: суанг Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон.
Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн.
Амард мӕгуыр лӕг, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ Авраамы хъӕбысмӕ схастой. Амард хъӕздыг лӕг дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой.
Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.
Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕгтӕн дӕр радта тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны фадат, цӕмӕй мыггагмӕйы цард райсой».
Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой аргъуаны уӕнгты ӕмӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, стӕй муртаттӕгтӕн уырнындзинады дуар куыд байгом кодта, уый тыххӕй.
Фӕлӕ Чырысти мӕрдтӕй райгас — чи амарди, уыдонӕй фыццаг Уый райгас.
Ӕви тӕригъӕдджынтӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ,
Сусӕгдзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ уыцы бынтӕ муртаттӕгты дӕр сты. Уыдон дӕр — иумӕйаг буары хӕйттӕ, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр хауы, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Хуыцау Фарны Уацы зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.
Ныр муртаттаг уай, иудейаг уай, сунӕтгонд уай, ӕнӕсунӕтгонд уай, талынг адӕмтӕй уай, скиф уай, цагъар уай, сӕрибар уай — уӕлдай нал у. Ӕппӕт дӕр у Чырысти, алкӕй зӕрдӕйы дӕр Уый цӕры.
Уӕ уавӕр ӕвдисӕн у, Хуыцауы ӕнӕхӕрам тӕрхон кӕй ралӕудзӕнис, уымӕн, ӕмӕ сымах нымад ӕрцӕудзыстут, хъизӕмар кӕй сӕраппонд кӕнут, Хуыцауы уыцы Паддзахады аккагыл.
Асиры хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;