1 Йесо хохӕй дӕлӕмӕ куы ӕрцыд, уӕд Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм.
Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта,
Уырдӕм Ӕм ӕрбацыди бирӕ адӕм. Семӕ кодтой къуылыхты, куырмыты, цӕнкуылты, ӕгомыгты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рынчынты; ӕрӕвӕрдтой сӕ Йесойы къӕхты раз, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.
Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ уым сдзӕбӕх кодта.
Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йерихонӕй куы рацыдысты, уӕд Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм.
Галилей, Дӕссахар, Йерусалим, Иудей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс цы адӕм царди, уыдон къордтӕй Йӕ фӕдыл цыдысты.
уымӕн ӕмӕ сын Уый сӕ динамонджытау нӕ амыдта, фӕлӕ кодта барджын ныхас.
Йесо Йӕ алыварс бирӕ адӕм куы федта, уӕд загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй Йемӕ ахизой денджызы фаллаг фарсмӕ.
Иу хъотырджын Ӕм ӕрбацыд, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, ӕрмӕст Дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ».
Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ денджызы ’рдӕм ацыди. Йӕ фӕдыл агуылф кодта тынг бирӕ адӕм — Галилей, Иудей,
Фӕлӕ уӕддӕр Йесойӕн Йӕ кой дӕрдтыл айхъуысти, ӕмӕ Йӕм адӕм гуылф кодтой — байхъусынмӕ ӕмӕ сӕхи сдзӕбӕх кӕнынмӕ.