Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 7:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Курут ӕмӕ уын ратдзысты, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын байгом кӕндзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 7:7
43 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон Исаакмӕ ӕрбацыдысты йӕ цагъартӕ, цъайкъахджытӕ, ӕмӕ йын, дон ссардтам, зӕгъгӕ, фехъусын кодтой.


Гивоны йӕм уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур!»


Дунедарӕг — Йӕ уаз Кувӕндоны, Дунедарӕг — Йӕ паддзахы бадӕны уӕлӕрвты! Йӕ цӕст дары адӕммӕ, фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгас.


Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару, Йӕ ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг, йӕ ирвӕзынӕнӕг.


Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт, марынмӕ мӕ чи хъавы, уыдон. Ӕгады здӕхт акӕнӕнт фӕстӕмӕ мӕ ныхмӕ фыдвӕнд ӕрымысджытӕ!


Дӕ азарӕй мӕ буарыл ӕгас бынат нал баззад; мӕ тӕригъӕдты фыдӕй ме стджыты рыст нал ӕнцайы.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


О мӕ Хуыцау, бахиз мӕ ӕнӕхуыцауӕй, фыдгӕнӕг ӕмӕ сурӕджы къухӕй.


Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым, ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».


Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.


Уӕдӕ ныр сыстон ӕмӕ сахарыл ӕрзилон, уынгты ӕмӕ фӕзты агурон мӕ уарзоны. Фӕцагуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ не ссардтон.


Сионы хохыл цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм, бирӕ нӕ калдзыстут уӕ цӕссыг. Хуыцау уын ныббардзӕни, куы Йӕм сдзыназат, уӕд. Куыддӕр уын фехъуса уӕ дзыназын, афтӕ уын дзуапп ратдзӕни.


балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.


Дунедарӕг израилӕгтӕн афтӕ зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут.


Ноджы ма уын зӕгъын: сымахӕй дыууӕ адӕймаджы зӕххыл цавӕрфӕнды хъуыддаджы тыххӕй дӕр иумӕ кувынвӕнд куы скӕной, уӕд сын, цы курой, уый лӕвӕрд уыдзӕни Мӕ Уӕларвон Фыдӕй.


Уырнындзинад уӕм куы уа, уӕд, уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый райсдзыстут».


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд уӕ Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни фарн, чи Дзы куры, уыдонӕн!


Уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары ӕмӕ, чи хойы, уымӕн дуар байгом вӕййы.


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: уӕ куывды цы курат, уый ныридӕгӕн кӕй райстат, ууыл ӕууӕндут ӕмӕ йӕ уӕд ӕнӕмӕнгӕй райсдзыстут.


Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!“ Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕни: „Чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын“.


Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:


Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.


Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.


Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».


иудадзыг хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ афтӕмӕй намыс, кад ӕмӕ ӕнӕмӕлӕтмӕ чи тырны, уыдонӕн — мыггагмӕйы цард;


иу ӕмбаргӕ адӕймаг дӕр нӕй, ничи агуры Хуыцауы.


Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй. Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн хӕрзиуӕг кӕй ратты, ууыл.


Ӕмӕ, йӕ бындуры уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Бардарӕг слӕууын кӕндзӕн йӕ къахыл. Кӕд тӕригъӕд ракодта рынчын, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни.


Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan