Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 7:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 7:6
18 Iomraidhean Croise  

Хуыйӕн йӕ бырынчъы сыгъзӕрин хъусцӕг куы бакӕнай, раст уый ӕнгӕс у рӕсугъд ӕмӕ ӕнӕзонд сылгоймаг.


Зондцухӕн мацы дзур — дӕ зондджын ныхӕстыл дын ӕрмӕст фӕхуддзӕнис.


Куыдз йӕ омдзӕгтӕм куыд раздӕхы, афтӕ зондцух дӕр йе ’рра митӕ нӕ фӕуадзы.


Ӕдылыйӕн зондцухау дзуапп ма дӕтт, науӕд дӕхӕдӕг дӕр уый хуызӕн суыдзынӕ.


Йесо йын дзуапп радта: «Хорз нӕу сывӕллӕтты къӕбӕр райсын ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппарын».


Уӕд бирӕтӕ уырнындзинад ныууадздзысты, кӕрӕдзиуыл гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон суындзысты.


Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас сис, стӕй базондзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый дӕр.


Ӕдзух фӕндагыл дӕн, ӕдзух — тӕссаг уавӕрты: донивылд, абырджытӕ, ме ’мбӕстӕгтӕ, муртаттӕгтӕ. Уыимӕ ма ноджы алы фыдбылызтӕ: сахары, цӕуӕг кӕм нӕй, ахӕм рӕтты, денджызы, мӕнгӕфсымӕрты къухӕй…


Уӕхи хизут куыйтӕй, уӕхи хизут зианхӕссӕг кусджытӕй, уӕхи хизут, буарӕй хынджылӕггаг чи аразы, уыдонӕй.


уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?


ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы Фырты ногӕй сӕ зӕрдӕты байтындзынц дзуарыл ӕмӕ Йӕ ӕгад кӕнынц.


Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди ахӕм ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ» ӕмӕ: «Хуы ӕхсад куы ’рцӕуа, уӕд фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы стулдзӕн».


Куыйтӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕлд адӕм ӕмӕ лӕгмартӕ, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ, стӕй, фӕливӕн митыл хӕст чи у ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты ӕдде.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan