5 Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас сис, стӕй базондзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый дӕр.
Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, цы Мӕ фӕлварут?
Де ’фсымӕры цӕсты ӕрдумӕ цы кӕсыс, дӕхи цӕсты къала бӕлас куы нӕ фиппайыс, уӕд?
Куыд хъуамӕ зӕгъай де ’фсымӕрӕн: «Ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон», кӕд дӕхи цӕсты къала бӕлас ис, уӕд?
Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.
Дыдзӕсгӕмттӕ! Зӕххыл ӕмӕ арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд ныры рӕстӕг раиртасын уӕ бон цӕуылнӕ у?
Йесо йын дзуапп радта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, алчидӕр уӕ сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры?
Йесо сын загъта: «Сымах Мын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ӕмбисонд ӕрхӕсдзыстут: „Дохтыр, Дӕхи уал сдзӕбӕх кӕн“. Ноджы ма Мын зӕгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цытӕ сарӕзтай, уый, ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ ам, Дӕхи сахары дӕр, сараз“.
Куыд дзурыс де ’фсымӕрӕн, ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты къала бӕлас нӕ уыныс, уӕд? Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас райс, цӕмӕй, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый фенай.
Фӕлӕ сын ӕнӕзӕгъинаг загъта: «Йесойы зонын, Павел дӕр мын зындгонд у, сымах та чи стут?»