4 Куыд хъуамӕ зӕгъай де ’фсымӕрӕн: «Ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон», кӕд дӕхи цӕсты къала бӕлас ис, уӕд?
Къуылых лӕгӕн йӕ къахайст ӕмраст куыд нӕу, афтӕ ’мбисӕндтӕ дӕр зондцухы ’взагыл нӕ фидауынц.
Куырм фӕтӕгтӕ! Сымах къогъойы фӕрсудзгӕ кӕнут, теуайы та аныхъуырут!
Де ’фсымӕры цӕсты ӕрдумӕ цы кӕсыс, дӕхи цӕсты къала бӕлас куы нӕ фиппайыс, уӕд?
Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас сис, стӕй базондзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый дӕр.
Куыд дзурыс де ’фсымӕрӕн, ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты къала бӕлас нӕ уыныс, уӕд? Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас райс, цӕмӕй, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый фенай.