26 Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи самадта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн.
Уыдон афонӕй раздӕр цагъды фесты, сӕ хӕдзӕрттӕ сын дон фӕласта.
Куырыхон сылгоймаг — хӕдзаргӕнӕг, ӕдылы ус та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй халы.
Куырыхонтӕ фӕхудинаг сты, тас сыл бахӕцыд ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты. Цӕй мидӕг ис сӕ уӕлзонд, кӕд ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасӕй се ’ргом аздӕхтой, уӕд?
Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.
Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади, ӕмӕ ахӕцыдысты уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ не ’ркалди, уымӕн ӕмӕ дурыл ӕвӕрд уыди.
Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади ӕмӕ сӕхи уыцы хӕдзарыл ӕмцӕф ныккодтой. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ дурты кӕри фестад.
Мӕ ныхӕстӕм чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар зӕххыл ӕнӕ бындурӕй чи сарӕзта, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Куыддӕр хӕдзарыл дон ахӕцыд, афтӕ ныккалди ӕмӕ дурты кӕри фестад».
Фӕлӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард кӕй у, уый базонын дӕ фӕнды, ӕнӕзонд адӕймаг?
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!