Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 7:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Ӕмӕ сын Ӕз уӕд дзуапп ратдзынӕн: «Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, фыдгӕнджытӕ!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 7:23
11 Iomraidhean Croise  

Фыддзинад Чи нӕ уарзы, Ды уыцы Хуыцау дӕ, ӕмӕ Дӕ цуры фыдгӕнӕгӕн бынат нӕй.


Мӕ цӕстыты рухс ахуыссыди мастӕй, ме знӕгты фыдӕй рӕстмӕ уынгӕ дӕр нал кӕнын.


Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: „Ӕцӕг уын зӕгъын: ӕз, чи стут, уый нӕ зонын“.


Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.


Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!“ Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕни: „Чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын“.


Фӕлӕ уын Уый зӕгъдзӕни: „Зӕгъын уын: чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын. Иууылдӕр уӕхи айсут Мӕ разӕй, тӕригъӕдджынтӕ!“


Ӕз дӕн хорз фыййау, Ӕз зонын Мӕ фысты, Мӕ фыстӕ дӕр Мӕ зонынц.


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».


Куыйтӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕлд адӕм ӕмӕ лӕгмартӕ, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ, стӕй, фӕливӕн митыл хӕст чи у ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты ӕдде.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan