Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 7:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Бирӕтӕ Мын уыцы бон дзурдзысты: «Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Бирӕ диссӕгтӕ не ’вдыстам Дӕ номӕй?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 7:22
23 Iomraidhean Croise  

Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.


Адӕймаджы ӕнӕввӕрсондзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, сӕрыстыртӕ ӕркъул кӕндзысты сӕ сӕртӕ. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд,


Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый:


Мӕрдты ӕхсӕн — мидианӕгты фондз паддзахы: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Рева; Беоры фырт Балаам дӕр кардылӕфтыд фӕци.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Тӕрхоны бон Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн уыцы сахарӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.


Уыцы бон ӕмӕ сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт — ӕрмӕст ӕй Фыд зоны.


Уӕдмӕ иннӕ чызджытӕ дӕр ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: „Хицау, Хицау, дуар нын бакӕн!“


Мӕнмӕ «Хицау! Хицау!» чи дзуры, уыдонӕй алчи Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзӕни, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый.


Зӕгъын уын, Тӕрхоны Бон Содомыл уыцы сахарӕй хуыздӕр бон акӕндзӕн.


Уый Каиафӕ йӕхи зондӕй нӕ дзырдта, фӕлӕ пехуымпар ныхас кодта, уымӕн ӕмӕ уыцы аз алчер уыди ӕмӕ рагагъоммӕ загъта, Йесо кӕй хъуамӕ амӕла Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау,


Сымах та, ӕфсымӕртӕ, талынджы нӕ цӕрут, цӕмӕй уӕ уыцы бон хуыснӕгау ӕдзӕттӕйӕ ӕрӕййафа.


куы ’рцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл.


Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.


Бардарӕг ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын Тӕрхоны бон Уый уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс.


Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Бардарӕг, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе ’рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan