20 Уӕдӕ уыцы адӕмы дӕр сӕ хъуыддӕгтӕй базондзыстут.
Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ бӕлас бӕрӕг вӕййы йӕ дыргъӕй.
Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Сындзы къутӕрӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц кӕнӕ ичъийӕ — легъуи?
Алы бӕлас дӕр йӕ дыргъӕй бӕрӕг вӕййы: какон сындзӕй легъуи не ’ртондзынӕ, сындзкъутӕрӕй та — сӕнӕфсир.
Ныр дӕр, зӕгъын уын, ма хъыгдарут ацы адӕмы. Кӕд сӕ хъуыддаг адӕймагӕй аразгӕ у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн.
Ме ’фсымӕртӕ, легъуи бӕласыл, мыййаг, оливӕ бӕласы гагатӕ ӕрзайдзӕни, сӕнӕфсирыл та — легъуийы дыргътӕ? Афтӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ гуыры.