Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 7:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 7:2
19 Iomraidhean Croise  

Уӕд уыдон загътой: «Кӕй нӕ цагъта ӕмӕ нын Израилы зӕххыл нӕ мыггаг сыскъуынынмӕ кӕй тырныдта,


Цӕстӕн — цӕст. Дӕндагӕн — дӕндаг. Къухӕн — къух. Къахӕн — къах.


Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг, ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци! Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг, ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци! Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын куынӕуал фӕразай, уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты, дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ ныхасмӕ Мын кӕй нӕ байхъуыстат ӕмӕ уе ’фсымӕрты, уӕ хиуӕтты кӕй не ссӕрибар кодтат, уый тыххӕй уын Ӕз ныр лӕвар кӕнын сӕрибар, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕрибарӕй кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлыны фадат. Ӕз сымахӕй ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн!


Вавилоны, халдейӕгты зӕххыл чиддӕриддӕр цӕры, уыдоны Ӕз, Сионы цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдоны тыххӕй бафхӕрдзынӕн уӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы тӕрхоны бон, ӕппӕт адӕмтӕн сӕ Тӕрхоны бон! Ӕмӕ, дӕхӕдӕг куыд кодтай, афтӕ дын бакӕндзысты дӕхицӕн дӕр, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕ.


Ӕмӕ адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд сымахӕн дӕр уӕ Уӕларвон Фыд ныббардзӕни уӕ тӕригъӕдтӕ.


Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Цы хъусут, ууыл-иу ахъуыды кӕнут. Цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр ӕмӕ ма уын ыл ноджыдӕр бафтаудзысты.


Дӕттут ӕмӕ райсдзыстут — уӕ фӕччийы уын ӕркалдӕуыдзӕн раст, хӕрзнад ӕмӕ йедзаг барӕнӕй — цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр».


Уӕ зӕрдыл дарут: чъынды тауӕгӕн йӕ хор дӕр мӕгуырау уыдзӕни, рӕдауӕй чи тауы, уымӕн та йӕ хор тугыл аскъуыйдзӕн.


Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.


Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ фӕкодта, уыдӕттӕ йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн-иу цы кӕхцы ныккодта, уым ын дыууӕ хатты карздӕр сӕн ӕркӕнут.


Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди.


Ӕрхауд йӕ къӕхты бын, хуыссы, йӕ бынаты ӕрхауди мардӕй!


Фӕлӕ Самуел загъта: «Дӕ кард сылгоймӕгты сӕ цотӕй ӕнӕхай куыд кодта, афтӕ дӕ мад дӕр йӕ фыртӕй ӕнӕхай фӕуӕд!» Ӕмӕ Гилгалы, Дунедарӕджы раз, аргӕвста Агагы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan