Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 7:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 7:19
13 Iomraidhean Croise  

Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.


Афтӕ рацӕудзӕнис авд азы. Ахӕм у Уаз Хъахъхъӕнджыты уынаффӕ, уый сӕ тӕрхон у. Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ хъуамӕ базоной: зӕххон паддзахӕдтӕн ис иунӕг хицау — Иууылбӕрзонд! Кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ ратты, адӕмӕн сӕ ныллӕгдӕры паддзахы бынатмӕ сисы‘.


Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.


Хорз бӕлас ӕвзӕр дыргъ нӕ ратдзӕн, низджын бӕлас та — хорз дыргъ.


Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц».


Уадз ӕмӕ мах уырнджытӕ дӕр сахуыр уой, ӕххуысы сӕр кӕм хъӕуы, уым ӕнувыдӕй хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, науӕд сӕ уырнындзинад уыдзӕн ӕнӕпайда.


«сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг» йеддӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы. Ӕлгъыстаг фӕвӕййы, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг арты хай бакӕнынц.


Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan