15 Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, афтӕмӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй.
Зӕронд лӕг та йын загъта: «Ӕз дӕр пехуымпар дӕн дӕуау. Дунедарӕджы дзырдӕй мын зӕд бафӕдзӕхста, дӕ хӕдзармӕ йӕ бахон ӕмӕ къӕбӕр дӕр бахӕрӕд ӕмӕ дон дӕр бануазӕд, зӕгъгӕ». Асайдта йӕ,
Колайы фырт Ахав ӕмӕ Маасеайы фырт Цедекиайы, Мӕ номӕй уын мӕнг ныхӕстӕ чи дзуры, уыдоны тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ сӕ ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уый уӕ цӕстыты раз амардзӕн.
уый тыххӕй Дунедарӕг зӕгъы: Ӕз нехеламаг Шемайайӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕстагӕтты дӕр бафхӕрдзынӕн. Йӕ байзӕддӕгтӕй уыцы адӕмы ’хсӕн ничи цӕрдзӕн, ӕмӕ, Мӕ адӕмӕн цы хорзӕх ратдзынӕн, уый Шемайа нӕ фендзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдта».
Израилы пехуымпартӕ, Йерусалимӕн пехуымпариуӕг чи кодта ӕмӕ йын, фарнӕн йӕ кой дӕр нӕ уӕвгӕйӕ, фарн ис, зӕгъгӕ, йӕ цӕстылуайӕнтӕ чи дзырдта, уыдон», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Уӕ фӕливӕнтӕй рӕстгӕнӕджы кӕй ӕфхӕрут, Ӕз ӕй ӕфхӕринаг нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕнаккагыл фӕстӕмӕ кӕй хӕцут, ома йе ’нӕуаг митӕ ма ныууадза ӕмӕ йӕ уд ма фервӕза, зӕгъгӕ,
Йӕ фӕтӕгтӕ сты йӕ амӕттаджы ӕргӕвдӕг рыхгӕ домбайы хуызӕн; уыдон ныхъуырынц адӕмы, байсынц ын сӕ исбон ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ. Уыдоны аххосӕй бӕстӕ идӕдзтӕй байдзаг ис.
Йе ’лдӕрттӕ сты йӕ амӕттаджы скъӕфӕг бирӕгъау. Архайынц туг ныккалыныл, адӕмы бабын кӕныныл ӕмӕ афтӕмӕй сбонджын уӕвыныл.
Се ’фхӕрды заман иу чысыл ӕххуыс райсдзысты, бирӕтӕ сӕм цӕстмӕ сӕхи ӕрбаввахс кӕндзысты.
Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».
Уыцы бон ахӕм пехуымпартӕ, цы цӕстылуайӕнты кой кодтой, уыдонӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты ӕмӕ адӕмы сайынӕн сӕ уӕлӕ сӕхъис нал скӕндзысты.
Уӕхи хъахъхъӕнут адӕмӕй: уыдон уӕ тӕрхондӕттӕм дӕтдзысты, сӕ синагогӕты уӕ ехсӕй нӕмдзысты.
Ау, Мӕ ныхас дзулы тыххӕй кӕй нӕ уыд, уый куыд не ’мбарут? Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».
Йесо сын загъта: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».
Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты.
Уынгӕг у, цардмӕ чи кӕны, уыцы кулдуар ӕмӕ нарӕг у фӕндаг; чи сӕ ссары, уыдон бирӕ не сты.
Загъта ма сын: «Уӕхи хъахъхъӕнут кӕрӕфдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».
Сар уӕ сӕр, адӕм иууылдӕр уӕ хорзы кой куы кӕной, уӕд: ацы адӕмы фыдӕлтӕ дӕр мӕнгпехуымпартӕй афтӕ ӕппӕлыдысты.
Ӕххуырст та фыййау нӕу, уымӕн фыстӕ йӕхи не сты; бирӕгъы куы фены, уӕд сӕ фӕуадзы ӕмӕ лидзынмӕ фӕвӕййы; бирӕгъ балӕбуры фыстӕм ӕмӕ алырдӕм ныххӕлиу вӕййынц.
Уӕдӕ уӕхи хизут, цӕмӕй уыл пехуымпары ныхас ма ӕрцӕуа:
Ахызтысты ӕгас сакъадахыл ӕмӕ бахӕццӕ сты Пафмӕ. Уым фембӕлдысты цавӕрдӕр иудейаг кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕнгпехуымпарыл, йӕ ном — Вар-Йесо.
кӕд нӕм мӕнгӕфсымӕртӕ куыддӕрты ӕрбаирвӕзтысты, уӕддӕр. Уыдон нӕм сӕхи ӕрбайстой, Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нын цы сӕрибар ис, уымӕ сусӕгӕй цӕст дарынмӕ ӕмӕ махӕй цагъартӕ скӕнынмӕ.
Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.
Дзӕгъӕл ныхӕстӕй уӕ мачи асайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл Йӕ азар ныккалдзӕн.
Уӕхи хизут куыйтӕй, уӕхи хизут зианхӕссӕг кусджытӕй, уӕхи хизут, буарӕй хынджылӕггаг чи аразы, уыдонӕй.
Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.
Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.
Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕм раст ахуырадыл сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕ монцтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхас уа, ахӕм бирӕ ахуыргӕнджытӕ;
Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уыдӕтты тыххӕй сымах зонут ныридӕгӕн ӕмӕ уӕхи хъахъхъӕнут, хӕлд адӕмы рӕдыд фӕндагыл куыд нӕ ацӕуат ӕмӕ, фидар цӕуыл лӕуут, уымӕй куыд нӕ фӕиппӕрд уат, афтӕ.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.
Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрбаирвӕзтысты ӕнӕхуыцау чидӕртӕ. Уыдон нӕ Хуыцауы хорзӕхӕй сӕхицӕн сарӕзтой ӕлгъаг миты фӕрӕз, сӕхи тигъ кӕнынц нӕ иунӕг Паддзах ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл. Рагӕй-ӕрӕгмӕ фыст ис, уыдон аккаг ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уый тыххӕй.
Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй ӕз рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы, —
Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.
Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.
Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.