Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 7:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уӕдӕ, адӕммӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр. Ацы ныхӕсты ис Моисейы Ӕгъдауы ӕмӕ пехуымпарты ахуырады мидис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 7:12
19 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ ӕнаккаг дӕр йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ куы ныууадза ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ куы нымайа, рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауджын куы суа, уӕд цӕргӕйӕ баззайдзӕн, нӕ амӕлдзӕн.


Дӕ адӕмӕй дӕ маст ма ис, хӕрамзӕрдӕйӕ макӕмӕ кӕс. Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Дунедарӕг.


О адӕймаг! Хорздзинад цы у ӕмӕ дӕ Дунедарӕг цы домы, уый дын загъдӕуыди: рӕстдзинады фӕдыл цу, адӕмӕн хорздзинад ӕвгъау ма кӕн, сӕрныллӕгӕй цӕр дӕ Хуыцауы раз.


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ Ӕз Моисейы Ӕгъдау кӕнӕ пехуымпарты ахуырад аивынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз сӕ аивынмӕ нӕ, — сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрцыдтӕн.


Адӕмӕй цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый-иу сын уӕхӕдӕг дӕр кӕнут.


Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад.


Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Дӕхи куыд уарзыс, хионы дӕр афтӕ уарз». Ӕмӕ кӕд сымах Паддзахы уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрут, уӕд раст кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan